Иегъовæйы Æвдисæнты вебсайт

Сæйраг фарс Beliefs Future Medical Topics Contact Us Publications Languages
Хуыцау нæ цы домы? 15-æм урокРаззаг статьяИннæ статья

Æххуыс кæн иннæтæн Хуыцауы фæндон æххæст кæнынæн

Цы базыдтай, уый иннæтæн дзурын цæмæн хъæуы? (1)
Кæмæн у дæ бон хорз хабар хъусын кæнын? (2)
Дæ уагахаст иннæтыл куыд фæзындзæн? (2)
Кæд у дæ бон æмбырдимæ иумæ хъусын кæнын райдайын? (3)

1. Ныридæгæн Библийæ бирæ хорз цыдæртæ базыдтай. Ацы зонындзинæдтæ дæ хъуамæ сразæнгард кæной чырыстон миниуджытыл кусынмæ (Ефесæгтæм 4:22—24). Ахæм зонындзинæдтæ дын тынг ахсджиаг сты æнусон цард райсынæн (Иоанны 17:3). Фæлæ иннæтæн дæр хъæуы ацы хорз хабар фехъусын кæнын, цæмæй уыдонæн дæр сæ бон уа фервæзын. Æцæг чырыстæттæ се ’ппæт дæр хъуамæ хъусын кæной. Уый у Хуыцауы фæдзæхст (Ромæгтæм 10:10; 1 Коринфæгтæм 9:16; 1 Тимофеймæ 4:16).

2. Библийæ цы хорз цыдæртæ базоныс, уыдон тыххæй дзурæн ис, дæ алыварс чи ис, уыдонæн. Дзур сæ дæ бинонтæн, дæ хæлæрттæн, де ’мкъласонтæн кæнæ де ’мкусджытæн. Ныхасгæнгæйæ у хæларзæрдæ æмæ фæразон (2 Тимофеймæ 2:24, 25). Рох дæ ма уæд, адæм арæх, адæймаг сын цы дзуры, уымæ кæй нæ фæхъусынц, фæлæ йын фылдæр йæ уагахастмæ кæй фæкæсынц, уый. Уымæ гæсгæ, дæ хорз уагахастмæ кæсгæйæ иннæтæ æхсызгондæрæй байхъусдзысты, цы хабар сын хъусын кæныс, уымæ (Матфейы 5:16; 1 Петры 3:1, 2, 16).

3. Йæ рæстæджы дын Иегъовæйы Æвдисæнты бынæттон æмбырдимæ хъусын кæныны бар уыдзæн. Уый у ахсджиаг къахдзæф чырыстон фæндагыл (Матфейы 24:14). Куыд æхсызгон дын уаид, искæмæн куы баххуыс кæнис Иегъовæйы лæггадгæнæг суæвынæн æмæ æнусон цард райсынæн! (1 Фессалоникæгтæм 2:19, 20).

 

Мыхуыры рацыд 1996

Сæйраг фарсНомхыгъдРаззаг статьяИннæ статья

Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved.