Иегъовæйы Æвдисæнты вебсайт

Сæйраг фарс Beliefs Future Medical Topics Contact Us Publications Languages
Хуыцау нæ цы домы? 14-æм урокРаззаг статьяИннæ статья

Иегъовæйы Æвдисæнты организаци куыд архайы

Кæд райдыдта Иегъовæйы Æвдисæнты нырыккон истори? (1)
Иегъовæйы Æвдисæнтæ сæ фембæлдтæ куыд уадзынц? (2)
Куыд æмбæрзт цæуынц хæрдзтæ? (3)
Алы æмбырды дæр йæхимæ разамынд чи исы? (4)
Цавæр стыр фембæлдтæ вæййы алы аз дæр? (5)
Цавæр куыст кæнынц Иегъовæйы Æвдисæнты сæйраг хайады æмæ филиалты? (6)

1. Иегъовæйы Æвдисæнты нырыккон истори райдыдта 1870-æм азты. Райдианы хуындысты Библииртасджытæ. Фæлæ 1931 азæй фæстæмæ хуыйнынц Иегъовæйы Æвдисæнтæ. Уыцы ном райстой Фыстадæй (Исай 43:10). Райдианы бынтон гыццыл цы организаци уыд, уым ныр ис милуангай Æвдисæнтæ. Уыдон 230 бæстæйæ фылдæры зæрдиагæй хъусын кæнынц хорз хабар.

2. Иегъовæйы Æвдисæнты æмбырдтæн сæ фылдæрæн фембæлдтæ вæййы къуыри æртæ хатты. Дæу дæр хонынц уыцы фембæлдтæм (Дзуттытæм 10:24, 25). Цæуыл ахуыр кæнынц, уый бындуриуæг кæны Библийыл. Фембæлдтæ райдайынц æмæ фæвæййынц куывдæй. Ноджыдæр ма фембæлдтæн сæ фылдæры фæзарынц зæрдæмæхъаргæ «кады зарджытæ» (Ефесæгтæм 5:18, 19, НФ). Уыцы фембæлдтæм алкæмæн дæр йæ бон у бацæуын, æхца дзы не ’мбырд кæнынц (Матфейы 10:8).

3. Æмбырдтæн сæ фылдæрæн фембæлдтæ вæййы Паддзахады залты. Уыдон сты, хуымæтæг агъуыстытæ, аразынц сæ, Æвдисæнтæй ахæм хъуыддæгты бархийæ лæвар чи архайы, уыдон. Паддзахады залты нæ фендзынæ дзуæртты нывтæ, дзуарæвæрд хъæдтыл тыгъд фæлгонцтæ æмæ æндæр ахæм цыдæртæ. Æппæт хæрдзтæ дæр æмбæрзт цæуынц барвæндон мысайнæгтæй. Мысайнаг радтын кæй фæнды, уыдонæн залы ис сæрмагонд асыкк (2 Коринфæгтæм 9:7).

4. Алы æмбырды дæр ис хистæр нæлгоймæгтæ, кæнæ цæстдарджытæ. Уыдон æмбырды ахуыр кæныны хъуыддаджы разамынд сæхимæ исынц (1 Тимофеймæ 3:1—7; 5:17). Æххуыс сын кæнынц кæстæриуæггæнæг æфсымæртæ (1 Тимофеймæ 3:8—10, 12, 13). Уыцы нæлгоймæгтæ æмбырды иннæ уæнгтæй сæхи нæ уæлдæр кæнынц (2 Коринфæгтæм 1:24). Сæрмагонд нæмттæ дæр нæ хæссынц (Матфейы 23:8—10). Сæ дарæсæй дæр иннæтæй нæ хицæн кæнынц. Нæдæр сын мызд фидынц. Хистæр нæлгоймæгтæ барвæндонæй æххуыс кæнынц æмбырды уæнгтæн сæ уырнындзинад фидар кæнынæн. Сæ бон у, зындзинæдтæ чи æвзары, уыдоны бафидар кæнын æмæ сын хорз уынаффæ радтын (Иаковы 5:14—16; 1 Петры 5:2, 3).

5. Иегъовæйы Æвдисæнтæн ма æрвылаз вæййы стыр фембæлдтæ дæр, ома конгрестæ. Уыцыиу рæстæг бирæ æмбырдтæ иумæ æрæмбырд вæййынц, цæмæй байхъусой, Библийы амындтыл чи бындуриуæг кæны, ахæм сæрмагонд программæмæ. Алы конгрессы дæр аргъуыд райсынц ног ахуыргæнинæгтæ (Матфейы 3:13—17; 28:19, 20).

6. Иегъовæйы Æвдисæнты дунеон сæйраг хайад ис Нью-Йорчы. Уым кусы Разамонæг совет, йæ цæст æппæтдунеон æмбырдмæ чи дары, уыцы фæлтæрд хистæр нæлгоймæгты сæйраг къорд. Уымæй уæлдай ма дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæты кусы 100 филиалæй фылдæр. Уым бархи кусджытæ æххуыс кæнынц библион литературæ уадзынæн æмæ йæ æмбырдтæм æрвитынæн. Афтæ ма уырдыгæй разамынд дæттынц хъусын кæныны хъуыддагæн дæр. Хорз нæ уаид, æввахсдæр дæм цы филиал ис, уырдæм куы ацæуис?

 

Мыхуыры рацыд 1996

Сæйраг фарсНомхыгъдРаззаг статьяИннæ статья

Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved.