Иегъовæйы Æвдисæнты вебсайт

Сæйраг фарс Beliefs Future Medical Topics Contact Us Publications Languages
Хуыцау нæ цы домы? 13-æм урокРаззаг статьяИннæ статья

Куыд ис раст дин ссарæн?

Цымæ Хуыцауы зæрдæмæ æппæт динтæ дæр цæуынц æви æрмæстдæр иу? (1)
Чырыстон динтæ кæй хонынц, уыдон афтæ бирæ цæмæн сты? (2)
Куыд ис æцæг чырыстæтты базонæн? (3—7)

1. Йесо æрмæстдæр иу раст чырыстон динæн æрæвæрдта бындур. Уымæ гæсгæ абон дæр Иегъовæ Хуыцауы æцæг лæггадгæнджытæ хъуамæ уой æрмæстдæр иу организацийы (Иоанны 4:23, 24; Ефесæгтæм 4:4, 5). Библи амоны, цардмæ кæнæг уынгæг фæндагыл стæмтæ кæй цæуынц (Матфейы 7:13, 14).

2. Библийы развæлгъау фыст æрцыд, апостолты мæлæты фæстæ чырыстон æмбырд цадæггай кæй райсдзæн мæнг ахуырæдтæ æмæ муртаттаг æгъдæуттæ. Афтæ ма дзы фыст æрцыд, дзырдарæхст адæймæгтæ уырнджыты Чырыстийы фæдыл нæ, фæлæ сæхи фæдыл кæй акæндзысты, уый дæр (Матфейы 7:15, 21—23; Куыстытæ 20:29, 30). Сæхи чырыстон чи хоны, ахæм алыхуызон динтæ афтæ бирæ дæр уымæн сты. Куыд ис æцæг чырыстæтты базонæн?

3. Æцæг чырыстæтты базонæн ис, фыццаджыдæр, се ’хсæн æцæг уарзондзинад кæй ис, уымæй (Иоанны 13:34, 35). Уыдон нæ ахуыр кæнынц, зæгъгæ, иу адæмыхатт иннæтæй хуыздæр у. Нæ ахуыр кæнынц æндæр бæстæты адæммæ знаджы цæстæй кæсын дæр (Куыстытæ 10:34, 35). Уымæ гæсгæ хæстмæ нæ цæуынц. Æцæг чырыстæттæ кæрæдзийæн хотæ æмæ æфсымæртау сты (1 Иоанны 4:20, 21).


Æцæг чырыстæттæ кæрæдзи уарзынц, Библийæн стыр аргъ кæнынц æмæ Хуыцауы Паддзахады тыххæй хъусын кæнынц.

4. Раст дин ма уымæй ис базонæн, æмæ уыцы диныл хæст чи у, уыдон стыр аргъ кæнынц Библийæн. Уыдон æй нымайынц Хуыцауы Ныхасыл æмæ дзы цы фыст ис, ууыл æууæндынц (Иоанны 17:17; 2 Тимофеймæ 3:16, 17). Хуыцауы Ныхас сын адæмы хъуыдытæ æмæ æгъдæуттæй бирæ ахсджиагдæр у (Матфейы 15:1—3, 7—9). Уыдон архайынц, цæмæй алы бон дæр Библимæ гæсгæ цæрой. Амонгæ цы кæнынц, аразгæ дæр уый кæнынц (Титмæ 1:15, 16).

5. Раст дин хъуамæ кадджын кæна Хуыцауы ном дæр (Матфейы 6:9). Йесо адæмæн раргом кодта Хуыцауы ном — Иегъовæ. Æцæг чырыстæттæ дæр хъуамæ афтæ аразой (Иоанны 17:6, 26; Ромæгтæм 10:13, 14). Кæм цæрыс, уым адæмæн Хуыцауы номы тыххæй чи дзуры?

6. Æцæг чырыстæттæ хъуамæ Хуыцауы Паддзахады тыххæй хъусын кæной. Афтæ кодта Йесо. Уый алыхатт дæр дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххæй (Лукайы 8:1). Ацы хабар æппæт зæххыл хъусын кæнын бафæдзæхста йæ ахуыргæнинæгтæн дæр (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Æцæг чырыстæтты уырны, æрмæстдæр Хуыцауы Паддзахад кæй æрхæсдзæн зæхмæ фарн æмæ æдасдзинад (Псалом 145:3—5).

7. Йесойы ахуыргæнинæгтæн хъуамæ ацы фыддунеимæ иумæйагæй мацы уа (Иоанны 17:16). Уыдон дунейы политикон хъуыддæгты нæ архайынц æмæ быцæу дæр ницæуыл кæнынц. Уыдон сæхи хизынц, ацы дунейы адæм цы æвзæр хъуыддæгтæ, æгъдæуттæ æмæ зондыл хæст сты, уыдонæй (Иаковы 1:27; 4:4). Кæм цæрыс, уым цы динтæ ис, уыдонæй æцæг чырыстæттæ чи сты, уый дæ бон у базонын?

 

Мыхуыры рацыд 1996

Сæйраг фарсНомхыгъдРаззаг статьяИннæ статья

Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved.