Иегъовæйы Æвдисæнты вебсайт

Сæйраг фарс Beliefs Future Medical Topics Contact Us Publications Languages
Хуыцау нæ цы домы? 12-æм урокРаззаг статьяИннæ статья

Аргъ кæн цард æмæ тугæн

Цы цæстæй хъуамæ кæсæм цардмæ? (1) абортмæ? (1)
Чырыстæттæ æдасдзинадыл кæй хъуыды кæнынц, уый куыд æвдисынц? (2)
Цæрæгойты марæн ис? (3)
Цавæр хъуыддæгтæй бæрæг вæййы, адæймаг цардæн кæй нæ аргъ кæны, уый? (4)
Хуыцауы закъон туджы тыххæй цы зæгъы? (5)
Уый туг уадзынмæ дæр хауы? (6)

1. Иегъовæ у Царддæттæг. Зæххыл цард алцæмæндæр Хуыцау радта (Псалом 35:10). Хуыцауы цæсты цард тынг зынаргъ у. Суанг ма мады гуыбыны цы сывæллон ис, уый цард дæр Иегъовæйæн у тынг зынаргъ. Ахæм рæзгæ уд амарын Хуыцауы цæсты стыр тæригъæд у (Рацыд 21:22, 23; Псалом 126:3).

Цæмæй нæ Хуыцау райгонд уа, уый тыххæй хъуамæ нæ буары туг ма уадзæм, чъизи æмæ нæ удæн тæссаг хъуыддæгтæй нæхи хизæм.

2. Æцæг чырыстæттæ хъуыды кæнынц сæхи æмæ иннæты æдасдзинадыл дæр. Уыдон архайынц, цæмæй сæ машинæтыл æдасæй цæуæн уа æмæ сæ хæдзæртты та — æдасæй цæрæн (Дыккаг закъон 22:8). Хуыцауы лæггадгæнджытæ æрмæст æхцондзинад райсын кæнæ сæ æнкъарæнтæ сцырын кæныны тыххæй сæхи æнæхъуаджы тæссаг уавæрты не ’ппарынц. Уымæ гæсгæ, адæймагæн барæй фыдмитæ кæм фæкæнынц, ахæм спорты нæ архайынц. Сæхи хизынц тыхмимæ разæнгардгæнæг хиирхæфсæнтæй дæр (Псалом 10:5; Иоанны 13:35).

3. Цæрæгойты цард дæр зынаргъ у Сфæлдисæгæн. Чырыстæттæн цæрæгойты марæн ис, цæмæй сын уа хæринаг æмæ дарæс кæнæ та, уыдонæй се ’нæниздзинадæн йе та сæ цардæн тæссаг куы уа, уæд (Уæвынад 3:21; 9:3; Рацыд 21:28). Фæлæ сын фыдмитæ кæнын, йе та сæ æнæуи кæнæ хи ирхæфсыны тыххæй марын раст нæу (Æмбисæндтæ 12:10).

4. Чырыстæттæ нæдæр тамако дымынц, нæдæр хъылма, æмæ нæдæр наркотиктæ аразынц æхцондзинад райсыны тыххæй. Ацы хъуыддæгтæ æвзæр сты, уымæн æмæ 1) сæ цагъартæ свæййæм, 2) нæ буарæн нын зиан хæссынц æмæ 3) сты чъизи (Ромæгтæм 6:19; 12:1; 2 Коринфæгтæм 7:1). Ахæм хъуыддæгтæ ныууадзын тынг зын вæййы. Фæлæ нæ кæд фæнды, цæмæй нæ Иегъовæ райгонд уа, уæд сæ хъуамæ ныууадзæм.

5. Тугæн дæр стыр аргъ ис Хуыцауы цæсты. Уд, ома цард, туджы ис, зæгъы Хуыцау. Уымæ гæсгæ тугхъæстæ хæринаг хæрын раст нæу. Кусартæй дæр туг куыд æмбæлы, афтæ куы нæ рауадзой, уæд ын йæ дзидзайæ хæрæн нæй. Кæд цæрæгой фæхæдмæл кæнæ къæппæджы ныммард, уæд æй хæрын не ’мбæлы. Кæд цæрæгойы барæхуыстой кæнæ йæ агæрах кодтой, уæд ын йæ туг уайтагъд хъæуы рауадзын æмæ йын æрмæстдæр уæд ис йæ дзидзайæ хæринаг кæнæн (Уæвынад 9:3, 4; Левиты 17:13, 14; Куыстытæ 15:28, 29).

6. Æцæгæйдæр буары туг уадзæн нæй? Дæ зæрдыл дар, Иегъовæ нæ кæй домы, цæмæй тугæй мацы хуызы пайда кæнæм. Уый нысан кæны, нæ буары искæй туг кæнæ, æгæрыстæмæй, нæхи туг, кæмдæр æвæрд чи уыд, уый кæй нæй уадзæн (Куыстытæ 21:25). Уымæ гæсгæ æцæг чырыстæттæ сæ буары туг нæ уадзынц. Уыдон разы сты æндæрхуызон медицинон æххуысыл, зæгъæм, туг кæм нæй, ахæм хостыл. Уыдоны фæнды цæрын, фæлæ сæ цард бахъахъхъæнынæн Хуыцауы закъæтты сæрты нæ ахиздзысты (Матфейы 16:25).

 

Мыхуыры рацыд 1996

Сæйраг фарсНомхыгъдРаззаг статьяИннæ статья

Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved.