| Хуыцау нæ цы домы? | 11-æм урок |
Хуыцауы зæрдæмæ чи нæ цæуы, ахæм уырнындзинæдтæ æмæ æгъдæуттæ |
|
| Цавæр уырнындзинæдтæ æмæ æгъдæуттæ не сты раст? (1) | |
| Хуыцау Æртæуон у, зæгъгæ, ууыл чырыстæттæ хъуамæ æууæндой? (2) | |
| Æцæг чырыстæттæ цæуылнæ бæрæг кæнынц Цыппурс, Куадзæн кæнæ гуырæнбонтæ? (3, 4) | |
| Мæрдтæн сæ бон у удæгæстæн исты разиан кæнын? (5) | |
| Йесо æцæгдæр дзуарыл амарди? (6) | |
| Цас ахсджиаг у, Хуыцауы зæрдæмæ цы цæуы, уый аразын? (7) | |
1. Уырнындзинæдтæ æмæ æгъдæуттæ иууыл не сты æвзæр. Фæлæ кæд мæнг динæй равзæрдысты кæнæ Библийы ахуырæдты ныхмæ сты, уæд сæ Хуыцау растыл нæ нымайы (Матфейы 15:6). 2. Æртæуон. Цымæ Иегъовæ Æртæуон у, ома иу Хуыцау æртæ цæсгомимæ? Нæ! Иегъовæ, Фыд, у «иунæг æцæг Хуыцау» (Иоанны 17:3; Маркы 12:29). Йесо у йæ фыццаггуырд Фырт æмæ ис йæ дæлбар (1 Коринфæгтæм 11:3). Фыд Фыртæй уæлдæр лæууы (Иоанны 14:28). Сыгъдæг уд гоймаг нæу; уый у Хуыцауы архайгæ тых (Уæвынад 1:2; Куыстытæ 2:18).
3. Цыппурс æмæ Куадзæн. Йесо 25 декабры нæ райгуырди. Уый райгуырди 1 октябрмæ ’ввахс, фыййæуттæ ма æд фысты дзугтæ æхсæвæддæ сæрвæты куы уыдысты, уæд (Лукайы 2:8—12). Йесо йæ ахуыргæнинæгтæн никуы загъта, цæмæй йын йæ гуырæнбон бæрæг кæной. Фæлæ сын загъта, цæмæй йын йæ мæлæты бон сæ зæрдыл дарой, ома-иу æй æрымысой (Лукайы 22:19, 20). Цыппурс æмæ йе ’гъдæуттæ равзæрдысты рагон мæнг динтæй. Раст афтæ у сæ хабар Куадзæны кæнонтæн дæр, зæгъæм, æйчытæ ахорын. Фыццаг чырыстæттæ нæ бæрæг кодтой нæдæр Цыппурс, нæдæр Куадзæн, æмæ сæ æцæг чырыстæттæ абон дæр нæ бæрæг кæнынц. 4. Гуырæнбонтæ. Библийы æрмæстдæр дыууæ гуырæнбоны кой цæуы, æмæ сæ бæрæг кодтой, Иегъовæйæн чи нæ лæггад кодта, ахæм адæймæгтæ (Уæвынад 40:20—22; Маркы 6:21, 22, 24—27). Фыццаг чырыстæттæ гуырæнбонтæ нæ бæрæг кодтой. Гуырæнбон кæныны æгъдау рацыд рагон мæнг динтæй. Æцæг чырыстæттæ кæдфæндыдæр кæрæдзийæн лæвæрттæ кæнынц æмæ иумæ æхсызгонæй сæ рæстæг æрвитынц. 5. Мæрдтæй тæрсын. Мæрдтæ нæдæр хатгæ исты кæнынц, нæдæр аразгæ. Махæн нæ бон нæу уыдонæн истæмæй баххуыс кæнын, уыдонæн та сæ бон нæу махæн исты разиан кæнын (Псалом 145:4; Екклесиаст 9:5, 10). Уд амæлы; мæлæты фæстæ нал цæры (Иезекилы 18:4). Фæлæ иуæй-иу хатт мæрдты удты хуызы сæхи равдисынц æвзæр зæдтæ, ома хæйрæджытæ. Мæрдтæй тæрсын кæнæ сын табу кæнын хъæуы, зæгъгæ, цы æгъдæуттæ амонынц, уыдон раст не сты (Исай 8:19). 6. Дзуар (крест). Йесо дзуарыл нæ амард. Уый амард цæджындзыл, кæнæ хъæдыл. Бирæ Библиты «дзуарæй» тæлмац цы дзырд у, уый нысан кæны æрмæст иу хъæды лыггаг. Дзуары нысан æрбафтыд рагон мæнг динтæй. Рагон чырыстæттæ сæ хъуырыл дзуар нæ дардтой æмæ йын табу дæр нæ кодтой. Уæдæ куыд хъуыды кæныс, раст уаид дзуар дарын æмæ йын табу кæнын? (Дыккаг закъон 7:26; 1 Коринфæгтæм 10:14). 7. Ацы уырнындзинæдтæ æмæ æгъдæуттæй иуæй-иутæ, гæнæн ис, тынг зын ныууадзæн уой. Дæ хæстæджытæ æмæ дын де ’мгæрттæ, гæнæн ис, дзурой, цæмæй нырмæ цæуыл æууæндыдтæ, уыдæттыл дæ зæрдæ ма сивай. Фæлæ адæм цы дзурынц, уымæй бирæ ахсджиагдæр у, Хуыцауы зæрдæмæ цы цæуы, уый аразын (Æмбисæндтæ 29:25; Матфейы 10:36, 37). |
||||||
Мыхуыры рацыд 1996 |
|
Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved. |
|