| Хуыцау нæ цы домы? | 10-æм урок |
Хуыцауæн æнæуынон хъуыддæгтæ |
|
| Хуыцау æвзæрыл цы хъуыддæгтæ нымайы, уыдонмæ дын цавæр ахаст хъуамæ уа? (1) | |
| Цавæр уагахаст у æнæгъдау? (2) | |
| Цы цæстæй хъуамæ кæса чырыстон сайынмæ? (3) æхцайыл хъазынмæ? (3) давынмæ? (3) тыхмимæ? (4) спиритизммæ? (5) фыднозтмæ? (6) | |
| Адæймагæн йæ бон куыд у æвзæр хъуыддæгтæ ныууадзын? (7) | |
1. Хуыцауы лæггадгæнджытæ уарзынц, хорз цы у, уый. Фæлæ ма сын уымæй уæлдай, æвзæр цы у, уый дæр хъуамæ æнæуынон уа (Псалом 96:10). Уый нысан кæны, Хуыцау цы хъуыддæгтæ нæ уарзы, уыдонæй хи хизын. Цавæр сты уыцы хъуыддæгтæй иуæй-иутæ? 2. Хæтындзинад. Хуыцау стыр тæригъæдтыл нымайы æмкъайад скæныны размæ æмуатон фæуын, хæтындзинад, фосдзуан, нæлдзуан æмæ тугхæццæ кæнын (Левиты 18:6; Ромæгтæм 1:26, 27; 1 Коринфæгтæм 6:9, 10). Нæлгоймаг æмæ сылгоймаг иумæ куы цæрой, фæлæ æмкъайады куы нæ уой, уæд хъуамæ кæнæ ахицæн уой, кæнæ та сæ къухтæ æрфыссой (Дзуттытæм 13:4).
3. Сайын, æхцайыл хъазын, давын. Иегъовæ Хуыцау никуы фæсайы (Титмæ 1:2). Йæ хорзæх райсын кæй фæнды, уыдон дæр хъуамæ ма сайой (Æмбисæндтæ 6:16—19; Колоссæгтæм 3:9, 10). Æхцайыл хъазын цырын кæны кæрæфдзинад. Уымæ гæсгæ чырыстæттæ æхцайыл нæ хъазынц, зæгъæм лæтæрей, бæхты дугътæ æмæ æндæр ахæм хъæзтытæй (Ефесæгтæм 5:3—5). Чырыстæттæ давгæ дæр нæ кæнынц. Уæййаг дзаума давæггаг у, уый куы зоной, уæд æй не ’лхæнынц æмæ искæй дзаумæттæ æнæбафæрсгæйæ нæ исынц (Рацыд 20:15; Ефесæгтæм 4:28). 4. Мæсты кæнын, тыхми. Адæймагæн йæ маст уромын йæ бон куы нæ уа, уæд æй уый, гæнæн ис, æркæна тыхмимæ дæр (Уæвынад 4:5—8). Тыхмигæнæг Хуыцауы хæлар никуы уыдзæн (Псалом 10:5; Æмбисæндтæ 22:24, 25). Исчи нын кæд смаст кодта, уæд дзы маст исын раст нæу (Æмбисæндтæ 24:29; Ромæгтæм 12:17—21). 5. Хинтæ кæнын æмæ спиритизм. Иуæй-иу адæм цæмæй сæ низтæй сдзæбæх уой, уый тыххæй æххуыс курынц æнæуынгæ тыхтæй. Иннæтæ та се знæгтæн хинтæ скæнынц, цæмæй сыл низтæ бафтауой кæнæ цæмæй амæлой. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ сты Сайтанæй. Уымæ гæсгæ чырыстæттæ ахæм хъуыддæгтæй хъуамæ сæхи хизой (Дыккаг закъон 18:9—13). Иегъовæимæ æввахс ахастыты куы уæм, уæд нæ уымæй хуыздæр ницы бахъахъхъæндзæн хинтæй (Æмбисæндтæ 18:10). 6. Фыднозт. Адæймаг иугыццыл сæн, бæгæны кæнæ æндæр карз нозт куы нуаза, уæд уым æвзæрæй ницы ис (Псалом 103:15; 1 Тимофеймæ 5:23). Фæлæ фыднозт кæнын æмæ расыг кæнын Хуыцауы цæсты æвзæр хъуыддæгтæ сты (1 Коринфæгтæм 5:11—13; 1 Тимофеймæ 3:8). Æгæр бирæ куы нуазай, уæд гæнæн ис, де ’нæниздзинад дæр фесафай æмæ дæ бинонты цард дæр фехалай. Уый ма дæ æнцонтæй æркæндзæн æндæр æвзæр хъуыддæгтæм дæр (Æмбисæндтæ 23:20, 21, 29—35). 7. Хуыцау æвзæрыл кæй нымайы, ахæм хъуыддæгтæ чи аразы, уыдон «Хуыцауы Паддзахады бындартæ нæ уыдзысты» (Галатæгтæм 5:19—21). Кæд Хуыцауы æцæгдæр уарзыс æмæ дæ фæнды, цæмæй дæ райгонд уа, уæд дæ бон бауыдзæн уыцы æвзæр хъуыддæгтæ ныууадзын (1 Иоанны 5:3). Ахуыр кæн, Хуыцау æвзæрыл цы нымайы, уымæ æнæуынон цæстæй кæсын (Ромæгтæм 12:9). Хуыцауы зæрдæмæ чи цæуы, ахæм миниуджытæ кæмæ ис, уыцы адæмимæ лымæн кæн (Æмбисæндтæ 13:20). Стыр æххуыс дын уыдзысты фæлтæрд чырыстон хæлæрттæ (Иаковы 5:14). Уымæй уæлдай ма Хуыцаумæ кув æмæ йыл дæ ныфс дар (Филиппæгтæм 4:6, 7, 13). |
||
Мыхуыры рацыд 1996 |
|
Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved. |
|