| Хуыцау нæ цы домы? | 9-æм урок |
Хуыцауы лæггадгæнджытæ хъуамæ уой сыгъдæг |
|
| Цæмæн хъуамæ уæм алцæмæйдæр сыгъдæг? (1) | |
| Цы нысан кæны сыгъдæг кувынад? (2) сыгъдæг уагахаст? (3) сыгъдæг хъуыдытæ? (4) æнæуи сыгъдæгдзинад? (5) | |
| Цавæр æнæуаг ныхæстæй хъуамæ хизæм нæхи? (6) | |
1. Иегъовæ у сыгъдæг Хуыцау. Уый фæнды, цæмæй йын чи кувы, уыдон дæр уой сыгъдæг: сæ кувынад дæр, сæ уагахаст дæр, сæ хъуыдытæ дæр æмæ æнæуи дæр (1 Петры 1:16). Цæмæй Хуыцауы раз сыгъдæг уæм, уый тыххæй хъæуы зæрдиагæй архайын. Мах цæрæм æнæгъдау, чъизи дунейы. Афтæ ма нæ тох кæнын хъæуы, нæ туджы цы тæригъæд рахастам, уыимæ дæр. Фæлæ хъуамæ фæндфидар уæм.
2. Сыгъдæг кувынад. Кæд нæ Иегъовæйæн лæггад кæнын фæнды, уæд мæнг дины ахуырæдтæ æмæ æгъдæуттыл хæст хъуамæ ма уæм. Мах хъуамæ ныууадзæм мæнг дин æмæ йын йæ кæнонтæй мацыуал кæнæм (2 Коринфæгтæм 6:14—18; Раргомад 18:4). Иугæр Хуыцауы тыххæй æцæгад базыдтам, уæд хъуамæ нæхи хъахъхъæнæм, цæмæй нæ мæнг ахуырæдтæй йæ фæдыл мачиуал асайа (2 Иоанны 10:11). 3. Сыгъдæг уагахаст. Иегъовæйы фæнды, цæмæй йæ лæггадгæнджытæ алкæддæр, æцæг чырыстæттæн куыд æмбæлы, афтæ дарой сæхи (1 Петры 2:12). Цыфæнды ма аразæм, фæнды сусæгæй, фæнды æргомæй, Хуыцау алцыдæр уыны (Дзуттытæм 4:13). Мах хъуамæ нæхи хизæм æнæгъдаудзинадæй æмæ ацы дунейы æнæуаг хъуыддæгтæй (1 Коринфæгтæм 6:9—11). 4. Сыгъдæг хъуыдытæ. Сыгъдæг æмæ раст цы у, ууыл куы хъуыды кæнæм, уæд нæ уагахаст дæр уыдзæн сыгъдæг (Филиппæгтæм 4:8). Фæлæ æнæуаг истæуыл куы хъуыды кæнæм, уæд нæ уыцы хъуыдытæ æркæндзысты æвзæр хъуыддæгтæм (Матфейы 15:18—20). Нæ зонд нын чи счъизи кæндзæн, ахæм хиирхæфсæнтæй хъуамæ нæхи хизæм. Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кæнæм, уæд нæ хъуыдытæ сыгъдæг уыдзысты. 5. Æнæуи сыгъдæгдзинад. Чырыстæттæ Хуыцауы минæвæрттæ кæй сты, уымæ гæсгæ сæхæдæг дæр æмæ сæ дарæс дæр хъуамæ сыгъдæг уой. Уазæгдонæй куы рацæуæм, уæд хъуамæ нæ къухтæ ныхсæм, афтæ ма хæрды размæ кæнæ хæринаг куы фæкæнæм, уæд дæр. Кæд дæ хæдзары канализаци нæй, уæд æддæмæ цы ацæуыс, уыдон хъæуы ныгæнын (Дыккаг закъон 23:12, 13). Сыгъдæгдзинад ахъаз у æнæниздзинадæн. Чырыстоны хæдзар æддейæ дæр æмæ мидæгæй дæр сыгъдæг æмæ æфснайд хъуамæ уа. Сыхы иннæ хæдзæрттимæ абаргæйæ хъуамæ уа фæзминаг. 6. Сыгъдæг ныхасыуаг. Хуыцауы лæггадгæнджытæ хъуамæ сайгæ макуы кæной. Сайæгойтæ Хуыцауы Паддзахадмæ нæ бацæудзысты (Ефесæгтæм 4:25; Раргомад 21:8). Чырыстæттæ æвзæр дзыхæй нæ дзурынц. Уыдон æнæфсарм хъазæн ныхæстæ нæ кæнынц, æнæуаг хъуыддæгтыл нæ дзурынц æмæ сæм хъусгæ дæр нæ кæнынц. Сæ сыгъдæг ныхасыуагæй хицæн кæнынц куысты, скъолайы æмæ сыхы ’хсæн (Ефесæгтæм 4:29, 31; 5:3).
|
Мыхуыры рацыд 1996 азы |
|
Copyright © 2011 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved. |
|