Иегъовæйы Æвдисæнты вебсайт

Сæйраг фарс Beliefs Future Medical Topics Contact Us Publications Languages
Хуыцау нæ цы домы? 8-æм урокРаззаг статьяИннæ статья

Хуыцауы зæрдæмæ чи цæуы, ахæм бинонты цард

Бинонты ’хсæн лæгæн цы бынат ис? (1)
Лæгæн йæ усмæ цавæр ахаст хъуамæ уа? (2)
Цавæр хæстæ ис фыдыл? (3)
Бинонты ’хсæн усыл цавæр хæстæ ис? (4)
Хуыцау ныййарджытæ æмæ сывæллæттæй цы домы? (5)
Цы дзуры Библи хицæнтæй цæрын æмæ хицæн кæныны тыххæй? (6, 7)

1. Библийы дзырдæуы, зæгъгæ, лæг у бинонты хистæр (1 Коринфæгтæм 11:3). Лæгæн хъуамæ уа æрмæстдæр иу ус. Лæг æмæ усæн закъонмæ гæсгæ сæ къухтæ фыст хъуамæ уой (1 Тимофеймæ 3:2; Титмæ 3:1).

2. Лæг хъуамæ йæ усы уарза, йæхи куыд уарзы, афтæ. Хъуамæ йыл ауда, Йесо йæ ахуыргæнинæгтыл куыд аудыдта, афтæ (Ефесæгтæм 5:25, 28, 29). Йæ къух æм хъуамæ ма иса кæнæ йæ æндæр исты хуызы ма æфхæра, фæлæ йын кад кæна, аргъ ын кæна (Колоссæгтæм 3:19; 1 Петры 3:7).

Уарзæгой фыд йæ бинонты хæрд æмæ дарæсæй цух нæ уадзы æмæ сын сæ уырнындзинад дæр фидар кæны.

3. Фыдæн йæ хæс у кусын æмæ йæ бинонты дарын. Афтæ ма фыд хъуамæ йæ бинонты уырнындзинад дæр фидар кæна (1 Тимофеймæ 5:8). Уый йæ бинонтæн æххуыс кæны Хуыцау æмæ Йæ фæндты тыххæй базонынæн (Дыккаг закъон 6:4—9; Ефесæгтæм 6:4).

4. Ус йæ лæгæн хъуамæ уа хорз æххуысгæнæг (Уæвынад 2:18). Хъуамæ йын æххуыс кæна сывæллæтты хъомыл кæнынæн æмæ сæ ахуыр кæнынæн (Æмбисæндтæ 1:8). Иегъовæ домы, цæмæй ус уарза йæ бинонты æмæ сыл ауда (Æмбисæндтæ 31:10, 15, 26, 27; Титмæ 2:4, 5). Йæ лæджы хъуамæ «цытджын дара» (Ефесæгтæм 5:22, 23, 33, НФ).

5. Хуыцау сывæллæттæй домы, цæмæй сæ ныййарджыты коммæ кæсой (Ефесæгтæм 6:1—3). Ныййарджыты фæдзæхсы, цæмæй сæ сывæллæттæн зонд амоной æмæ сæ раст фæндагыл аразой. Ныййарджытæ сæ сывæллæттимæ хъуамæ фаг рæстæг æрвитой æмæ семæ Библи ахуыр кæной, цæмæй сын сæ уырнындзинад фидар кæной, сæ фарстытæн сын дзуапп дæттой æмæ сæ рæвдыд цух ма уадзой (Дыккаг закъон 11:18, 19; Æмбисæндтæ 22:6, 15). Ныййарджытæ сæ сывæллæттæм хъуамæ тызмæг ма уой æмæ сæ æгæр карзæй ма ’фхæрой (Колоссæгтæм 3:21).

Хуыцау ныййарджытæн фæдзæхсы, цæмæй сæ сывæллæттæн зонд амоной æмæ сæ раст фæндагыл аразой.

6. Лæг æмæ ус исты хъуыддаджы кæрæдзи куы нæ фембарынц, уæд хъуамæ Библи куыд амоны, афтæ архайой. Библи нæ разæнгард кæны, цæмæй кæрæдзийы уарзæм æмæ хатыргæнаг уæм (Колоссæгтæм 3:12—14). Хуыцауы Ныхас нæ дзуры, зæгъгæ, лæг æмæ усы ’хсæн гыццыл исты куы рауайа, уæд ус йæ цæгатмæ кæй хъуамæ алидза, йе та хицæнтæй кæй хъуамæ цæрой. Фæлæ усæн йæ бон у йæ лæджы ныууадзын: 1) кæд уый йæ бинонты дарын нæ фæнды; 2) кæд ын ахæм фыдмитæ кæны, æмæ йе ’нæниздзинад æмæ цардæн тæссаг у, йе та 3) кæд йæ ныхмæ афтæ тынг цæуы, æмæ йæ Иегъовæйæн лæггад кæнын нæ уадзы (1 Коринфæгтæм 7:12, 13).

7. Лæг æмæ ус кæрæдзийыл хъуамæ æнувыд уой. Хæтындзинад стыр тæригъæд у Хуыцауы раз дæр æмæ цардæмбалы раз дæр (Дзуттытæм 13:4). Æмкъайад фехалын æмæ ногæй бинонтæ скæнынæн Фыстад бар дæтты, æрмæстдæр лæг æмæ усæй исчи куы хæта, уæд (Матфейы 19:6—9; Ромæгтæм 7:2, 3). Адæймагæн Фыстадмæ гæсгæ бындур куы нæ вæййы, афтæмæй йæ цардæмбалæй куы ахицæн вæййы æмæ æндæр искæимæ куы бацæры, уæд уый Иегъовæйæн æнæуынон у (Малахи 2:14—16).

 

Мыхуыры рацыд 1996

Сæйраг фарсНомхыгъдРаззаг статьяИннæ статья

Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved.