Иегъовæйы Æвдисæнты вебсайт

Сæйраг фарс Beliefs Future Medical Topics Contact Us Publications Languages
Хуыцау нæ цы домы? 7-æм урокРаззаг статьяИннæ статья

Кувгæйæ æввахс кæнæм Хуыцаумæ

Цæмæн хъæуы арæх кувын? (1)
Кæмæ хъуамæ кувæм æмæ куыд? (2, 3)
Цæй тыххæй ис кувæн? (4)
Кæд ис кувæн? (5, 6)
Цымæ Хуыцау алкæй куывдтытæ дæр хъусы? (7)

1. Кувын нысан кæны Хуыцауимæ сæрныллæгæй ныхас кæнын. Хорз уаид, Хуыцаумæ арæх куы кувис. Афтæмæй дын зынаргъ хæларау æввахс суыдзæн. Кæд Иегъовæ стыр æмæ хъомысджын у, уæддæр нын нæ куывдтытæм хъусы. Арæх фæкувыс Хуыцаумæ? (Псалом 64:3; 1 Фессалоникæгтæм 5:17).

2. Адæймаг кувгæ кæмæ кæны, лæггад дæр уымæн кæны. Уымæ гæсгæ хъуамæ кувæм æрмæстдæр Иегъовæ Хуыцаумæ. Йесо зæххыл куы уыди, уæд алыхатт дæр куывта æрмæстдæр йæ Фыдмæ, æндæр никæмæ. Мах дæр афтæ хъуамæ кæнæм (Матфейы 4:10; 6:9). Фæлæ нæ куывдтытæ алыхатт дæр хъуамæ уой Йесойы номæй. Афтæмæй æвдисæм, Йесо чи у, уый кæй æмбарæм æмæ йын йæ æлхæнæг нывондыл кæй æууæндæм (Иоанны 14:6; 1 Иоанны 2:1, 2).

3. Хуыцаумæ куы кувæм, уæд йемæ хъуамæ зæрдæбынæй ныхас кæнæм. Куывдтытæ нæ хъæуы ахуыр кæнын кæнæ куывдуатæй кæсын (Матфейы 6:7, 8). Кувын нæ бон у бадгæйæ дæр æмæ лæугæйæ дæр, кæдфæнды дæр æмæ кæмфæнды дæр. Нæхинымæр куы фæкувæм, уæд дæр нæ Хуыцау хъусы (1 Паддзахæдты 1:12, 13). Хицæнæй нæ куы фæнда кувын, уæд хорз уаид, кæм нæ ничи бахъыгдардзæн, ахæм бынат ссарын (Маркы 1:35).

4. Цæй тыххæй ис кувæн? Хуыцауы хæлар уай, уымæн дæ цыдæриддæр хъæуы, уый тыххæй (Филиппæгтæм 4:6, 7). Дæнцон куывдæй бæрæг у, кæй хъуамæ кувæм Иегъовæйæн йæ ном æмæ йæ фæнды тыххæй. Афтæ ма нæ бон у Хуыцауæй курын, цæмæй нæ æрвылбоны царды цы хъæуы, уымæй цух ма уадза, нæ тæригъæдтæ нын хатыр кæна æмæ нын фæлварæнты фидар фæлæууынæн æххуыс кæна (Матфейы 6:9—13). Хуыцаумæ æрмæст уый тыххæй хъуамæ ма кувæм, цæмæй дзы исты ракурæм. Хуыцауы фæндонмæ гæсгæ цы у, æрмæстдæр ууыл хъуамæ кувæм (1 Иоанны 5:14).

5. Кувæн ис кæдфæнды дæр, куы дæ фæнда Хуыцауæн зæрдæбынæй бузныг зæгъын кæнæ йæ скадджын кæнын (1 Паралипоменон 29:10—13). Кувын хъæуы, зындзинæдтæ дын куы уа кæнæ дæ уырнындзинад фæлвæрд куы цæуа, уæд дæр (Псалом 54:23; 119:1). Хорз уаид, хæрды размæ дæр-иу куы акувис (Матфейы 14:19). Иегъовæйы фæнды, цæмæй йæм «алы афон» дæр кувæм (Ефесæгтæм 6:18).

6. Кувын нæ тынгдæр хъæуы, уæззау тæригъæд куы ракæнæм, уæд. Ахæм уавæры хъуамæ Иегъовæйæн лæгъстæ кæнæм, цæмæй нын ныххатыр кæна. Кæд ын нæ тæригъæдтæ раргом кæнæм æмæ æппæт тыхтæй архайæм, цæмæй сæ дыккаг хатт мауал саразæм, уæд нын Хуыцау «цæттæ у хатыр кæнынмæ» (Псалом 85:5, «Ног Дунейы тæлмац», анг.; Æмбисæндтæ 28:13).

7. Иегъовæ хъусы æрмæстдæр рæстаг адæмы куывдтытæм. Цæмæй дын Хуыцау дæ куывдтытæм хъуса, уый тыххæй æппæт хъарутæй архай йæ закъæттæм гæсгæ цæрыныл (Æмбисæндтæ 15:29; 28:9). Кувын хъæуы сæрныллæгæй (Лукайы 18:9—14). Цæй тыххæй кувай, уымæ гæсгæ хъуамæ архайгæ дæр кæнай. Уымæй равдисдзынæ, уырнындзинад дæм кæй ис æмæ дæ зæрдæйы цы ис, уый кæй дзурыс. Æрмæстдæр дын уæд фехъусдзæн Иегъовæ дæ куывдтытæ (Дзуттытæм 11:6).

 

Мыхуыры рацыд 1996

Сæйраг фарсНомхыгъдРаззаг статьяИннæ статья

Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved.