| Хуыцау нæ цы домы? | 6-æм урок |
Цы у Хуыцауы Паддзахад? |
|
| Кæм ис Хуыцауы Паддзахад? (1) | |
| Чи у йæ Паддзах? (2) | |
| Паддзахимæ ма исчи паддзахиуæг кæны? Кæд о, уæд цал сты? (3) | |
| Фæстаг бонты кæй цæрæм, уый цæмæй бæрæг у? (4) | |
| Хуыцауы Паддзахад адæмæн цы ’рхæсдзæн? (5—7) | |
1. Йесо зæххыл куы уыди, уæд йæ фæдылдзæуджыты ахуыр кодта Хуыцауы Паддзахады тыххæй кувын. Паддзахад у, йæ сæргъы паддзах кæмæн лæууы, ахæм хицауад. Хуыцауы Паддзахад адæмы хицауæдты хуызæн нæу. Уый ис уæлæрвты æмæ хицауиуæг кæндзæн зæххыл. Уый скадджын кæндзæн Хуыцауы ном. Паддзахады фæрцы Хуыцауы фæндон сæххæст уыдзæн зæххыл дæр, уæлæрвты куыд сæххæст, афтæ (Матфейы 6:9, 10).
2. Хуыцау зæрдæ бавæрдта, йæ Паддзахады Паддзах Йесо кæй уыдзæн, уымæй (Лукайы 1:30—33). Йесо зæххыл куы уыд, уæд равдыста, фæлмæнзæрдæ, рæстаг æмæ алцæмæй дæр æххæст Хицау кæй уыдзæн, уый. Уæларвмæ куы аздæхти, уæд уыцы тæккæ не ’рцыд æвæрд Хуыцауы Паддзахады Паддзахæй (Дзуттытæм 10:12, 13). Иегъовæ Йесойæн зæрдæ цы хицаудзинадæй бавæрдта, уый йын йæ бæрны бакодта 1914 азы. Уæдæй фæстæмæ Иегъовæйы нысангонд Паддзах Йесо паддзахиуæг кæны уæлæрвты (Данелы 7:13, 14). 3. Иегъовæ ма уæларвмæ ацæуынæн равзæрста ноджыдæр иуæй-иу иузæрдион нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгты. Уыдон Йесоимæ иумæ адæмæн уыдзысты паддзæхтæ, тæрхонгæнджытæ æмæ сауджынтæ (Лукайы 22:28—30; Раргомад 5:9, 10). Йесо, йемæ чи паддзахиуæг кæндзæн, уыдоны схуыдта «гыццыл дзуг». Сæ нымæц у 144 000 (Лукайы 12:32; Раргомад 14:1—3). 4. Йесо куыддæр Паддзах сси, афтæ Сайтаны дæр æмæ йын йе ’взæр зæдты дæр уæларвæй зæхмæ æрæппæрста. Гъе уый тыххæй афтæ фæуæззаудæр сты уавæртæ зæххыл 1914 азæй фæстæмæ (Раргомад 12:9, 12). Хæстытæ, æххормагдзинад, хæцгæ низтæ æмæ æнæзакъондзинад кæй сарæх, æппæт уыдæттæ сты, Йесо кæй паддзахиуæг кæны æмæ ацы цардæвæрдæн йæ фæстаг бонтæ кæй сты, уый «нысаны» хай (Матфейы 24:3, 7, 8, 12; Лукайы 21:10, 11; 2 Тимофеймæ 3:1—5). 5. Тагъд Йесо адæмыл тæрхон кæндзæн — хицæн сæ кæндзæн, фыййау фысты сæгътæй куыд фæхицæн кæны, афтæ. «Фыстæ» сты, йæ Паддзахадыл иузæрдионæй чи баззайа, уыдон. Уыцы адæм æнустæм цæрдзысты зæххыл. «Сæгътæ» та сты, Хуыцауы Паддзахады фарс чи не слæууа, уыдон (Матфейы 25:31—34, 46). Тагъд рæстæджы Йесо «сæгъты» хуызæн адæмы се ’ппæты дæр скуынæг кæндзæн (2 Фессалоникæгтæм 1:6—9). Кæд дæ фæнды, цæмæй ды дæр Йесойы «фыстæй» уай, уæд хъуамæ хъусай Хуыцауы Паддзахады уацмæ æмæ цы базоныс, уымæ гæсгæ архайай (Матфейы 24:14).
6. Ныртæккæ зæхх дихтæгонд у бирæ бæстæтыл. Алы бæстæйæн дæр ис йæхи хицауад. Сæ адæм арæх кæрæдзийы ныхмæ фæхæцынц. Фæлæ Хуыцауы Паддзахад баивдзæн æппæт зæххон хицауæдтæ. Зæххыл уыдзæн æрмæстдæр иу хицауад (Данелы 2:44). Уæд нал уыдзæни хæстытæ, фыдракæндтæ æмæ тыхми. Æппæт адæм дæр цæрдзысты хæларæй (Михейы 4:3, 4). 7. Йесойы Миназон хицауиуæгады рæстæджы Хуыцауыл иузæрдион адæм алцæмæй дæр суыдзысты æххæст, æгас зæхх та суыдзæн дзæнæт. Уыцы мин азы кæронмæ Йесо сæххæст кæндзæн æппæтдæр, Хуыцау ын цы бахæс кодта, уый. Стæй Паддзахад фæстæмæ йæ Фыдмæ ратдзæн (1 Коринфæгтæм 15:24). Хорз нæ уаид, Хуыцауы Паддзахад нын цы ’рхæсдзæн, ууыл де ’мбæлттимæ æмæ дæ хæстæджытимæ аныхас кæнын? |
||
Мыхуыры рацыд 1996 |
|
Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved. |
|