| Хуыцау нæ цы домы? | 5-æм урок |
Цы у Хуыцауы фæндон зæххы тыххæй? |
|
| Иегъовæ зæхх цæмæн сфæлдыста? (1, 2) | |
| Абон зæхх дзæнæт цæуылнæ у? (3) | |
| Цы ’рцæудзæн æвзæр адæмыл? (4) | |
| Цы сараздзæн фидæны Йесо рынчынтæн? зæрæдтæн? мæрдтæн? (5, 6) | |
| Цæмæй фидæны арфæдзинæдтæй хайджын уай, уый тыххæй дæ цы хъæуы аразын? (7) | |
1. Иегъовæ зæхх уый тыххæй сфæлдыста, цæмæй йыл адæм æнустæм зæрдæрайгæйæ цæрой. Фæндыд æй, цæмæй зæххыл цæрой æрмæстдæр рæстаг, амондджын адæм (Псалом 113:24; Исай 45:18). Зæхх никуы фесæфдзæн; уый уыдзæн æнустæм (Псалом 103:5; Екклесиаст 1:4). 2. Цалынмæ Хуыцау адæймаджы не сфæлдыста, уæдмæ уал зæххыл иу бынат равзæрста æмæ дзы скодта рæсугъд дзæнæт. Схуыдта йæ Едемы цæхæрадон. Уым æрцæрын кодта фыццаг нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы, Адам æмæ Евæйы. Хуыцауы фæндмæ гæсгæ сын хъуамæ рацыдаид зæнæг æмæ адæм хъуамæ æрцардаиккой æгас зæххы къорийыл. Уыдон цадæггай æнæхъæн зæххæй хъуамæ дзæнæт скодтаиккой (Уæвынад 1:28; 2:8, 15).
3. Адам æмæ Евæ зонгæйæ ахызтысты Хуыцауы закъоны сæрты, æмæ уымæй тæригъæд ракодтой. Уый тыххæй сæ Иегъовæ Едемы цæхæрадонæй расырдта. Дзæнæтмæ сын фæндаг нал уыд (Уæвынад 3:1—6, 23). Фæлæ Иегъовæйæ нæ ферох, зæхх цæй тыххæй сфæлдыста, уый. Зæрдæ нын æвæры, зæхх ногæй дзæнæт кæй суыдзæн æмæ йыл адæм æнустæм кæй цæрдзысты. Куыд сæххæст кæндзæн Хуыцау йæ зæрдæвæрд? (Псалом 36:29). 4. Цæмæй зæхх дзæнæт суа, уый тыххæй уал фесафын хъæуы æвзæргæнджыты (Псалом 36:38). Уыцы хабар æрцæудзæн Армагеддоны. Уый у Хуыцауы хæст æппæт æвзæргæнджыты ныхмæ дæр. Уый фæстæ Сайтан 1 000 азмæ баст æрцæудзæн. Уый та нысан кæны, æмæ зæххæн зиан ничиуал хæсдзæн. Фервæздзысты æрмæстдæр Хуыцауы адæм (Раргомад 16:14, 16; 20:1—3). 5. Уый фæстæ 1 000 азы дæргъы зæххыл уæларвæй паддзахиуæг кæндзæн Йесо Чырысти (Раргомад 20:6). Уый нын нæ зонд æмæ нæ буарæй цадæггай тæригъæд аиуварс кæндзæн. Адам æмæ Евæ цалынмæ тæригъæд нæ ракодтой, уæдмæ куыд æххæст уыдысты, раст ахæм æххæст адæймæгтæ суыдзыстæм. Уæд нал уыдзæни низтæ, зæронддзинад æмæ мæлæт. Рынчынтæ сдзæбæх уыдзысты, зæронд адæм се ’рыгон бонтæм æрыздæхдзысты (Иов 33:25; Исай 33:24; Раргомад 21:3, 4). 6. Йесойы Миназон паддзахиуæгады рæстæджы Хуыцауы иузæрдион адæм æнæхъæн зæххæй дзæнæт скæндзысты (Лукайы 23:43). Афтæ ма Хуыцау милуангай адæмы мæрдтæй райгас кæндзæн зæххыл цæрынæн (Куыстытæ 24:15). Кæд Хуыцауы домæнтæ æххæст кæной, уæд æнустæм цæрдзысты зæххыл. Кæд нæ, уæд та æнустæм куынæггонд æрцæудзысты (Иоанны 5:28, 29; Раргомад 20:11—15). 7. Афтæмæй сæххæст уыдзæн, Хуыцауæн зæххы тыххæй райдианы цы фæндон уыдис, уый. Фæнды дæ, цæмæй уыцы арфæдзинæдтæй хайджын уай? Кæд о, уæд Иегъовæйы хуыздæр базоныныл архай æмæ йын йæ домæнтæ æххæст кæн. Уымæн дын æххуыс кæндзæн, Иегъовæйы Æвдисæнты Паддзахады залтæй дæм æввахсдæр кæцы у, уырдæм фембæлдтæм куы цæуай, уый (Исай 11:9; Дзуттытæм 10:24, 25).
|
Мыхуыры рацыд 1996 |
|
Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved. |
|