| Хуыцау нæ цы домы? | 4-æм урок |
Чи у Хæйрæг? |
|
| Куыд фæзынд Сайтан Хæйрæг? (1, 2) | |
| Сайтан адæмы куыд сайы? (3—7) | |
| Хæйрæджы ныхмæ фидар лæууын цæмæн хъæуы? (7) | |
1. Дзырд «хæйрæг» амоны, искæуыл чи хахуыр кæны, уый. «Сайтан» та — знаг кæнæ ныхмæлæууæг. Ацы нæмттæ хæссы Хуыцауы цыфыддæр знаг. Райдианы уый уыд æххæст зæд æмæ уыди Хуыцауимæ уæлæрвты. Фæлæ фæстæдæр сси æгæр хиуылæрвæссон æмæ йæ бафæндыд, цæмæй Хуыцауæн нæ, фæлæ уымæн кувой, кæд æмæ табу кæнын æрмæстдæр Хуыцауæн æмбæлы (Матфейы 4:8—10).
2. Уыцы зæд, Сайтан, калмы уылты сдзырдта Евæмæ. Йæ мæнг ныхæстæй йæ уымæ æркодта, æмæ Хуыцауы коммæ нал бакаст. Афтæмæй Сайтан рацыд Хуыцауы хицаудзинады ныхмæ. Уымæй Сайтаны зæгъын фæндыд, Хуыцау, йæ дæлбар чи ис, уыдоныл раст кæй нæ хицауиуæг кæны æмæ сын хуыздæр цы у, уый кæй нæ аразы. Сайтан ма ноджыдæр загъта, иу адæймаг дæр кæй нæ баззайдзæн Хуыцауыл иузæрдионæй. Афтæмæй Сайтан йæхи скодта Хуыцауы знаг. Гъе уый тыххæй хуыйны Сайтан Хæйрæг дæр (Уæвынад 3:1—5; Иов 1:8—11; Раргомад 12:9). 3. Сайтан адæмæн сæ зæндтæ зыгъуыммæ кæны, цæмæй уымæн кувой (2 Коринфæгтæм 11:3, 14). Адæмы сайынæн пайда кæны мæнг динæй. Цавæрдæр дин Хуыцауы тыххæй раст куы нæ амона, уæд уый Сайтанæн кусы (Иоанны 8:44). Мæнг динты цы адæм ис, уыдонмæ, гæнæн ис, афтæ кæса, æмæ æцæг Хуыцауæн кувынц. Æцæгæй та лæггад кæнынц Сайтанæн. Уый у ацы дунейы хуыцау (2 Коринфæгтæм 4:4).
4. Сайтан ма адæмы йæ дæлбар бакæнынæн пайда кæны спиритизмæй дæр. Адæм æнæуынгæ тыхтæй фæкурынц, цæмæй сæ хъахъхъæной, иннæтæн та зиан хæссой, сомбон цы уыдзæн, уый сын дзурой кæнæ цæмæй диссæгтæ аразой. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ цæуынц сау тых Сайтанæй. Цæмæй нæ Хуыцау райгонд уа, уый тыххæй нын хъуамæ спиритизмимæ мацы иудзинад уа (Дыккаг закъон 18:10—12; Куыстытæ 19:18, 19). 5. Сайтан ма адæмы сайы, кæй сæ цырын кæны, цæмæй сæ адæмыхаттæй сæрбæрзонд уой æмæ политикон организацитæн табу кæной. Иуæй-иутæм афтæ кæсы, цыма сæ адæмыхатт иннæ адæмыхæттытæй хуыздæр у. Фæлæ уый раст нæу (Куыстытæ 10:34, 35). Иннæтæ та сæ ныфс дарынц политикон организацитыл, афтæ сæм кæсы, æмæ адæмы зындзинæдтæн уыдон скæндзысты кæрон. Афтæмæй уыдон иуварс кæнынц Хуыцауы Паддзахад. Нæ зындзинæдтæй та нæ æрмæстдæр уыцы Паддзахад фервæзын кæндзæн (Данелы 2:44).
6. Сайтан ма адæмы рæдийын кæны, тæригъæдджын монцты фæдыл сæ кæй сайы, уымæй. Иегъовæ нын дзуры, цæмæй, цы æвзæр митæ кодтам, уыдон ныууадзæм, уымæн æмæ йæ зоны, зиан нын кæй хæссынц, уый (Галатæгтæм 6:7, 8). Чи зоны, иуæй-иуты фæнды, цæмæй семæ æвзæр митæ кæнай. Фæлæ дæ рох ма уæд, цæмæй ахæм митæ кæнай, уый æцæгæй Сайтаны кæй фæнды (1 Коринфæгтæм 6:9, 10; 15:33). 7. Цæмæй Иегъовæйы ныууадзай, уый тыххæй ма Сайтанæн йæ бон афтæ саразын дæр у, æмæ адæм дæ ныхмæ цæуой кæнæ дæ æфхæрой. Библи кæй ахуыр кæныс, уый тыххæй дæм дæ хиуæттæй иуæй-иутæ, гæнæн ис, тынг смæсты уой. Иннæтæ та дыл, чи зоны, худой. Фæлæ дын цард чи радта? Сайтаны фæнды дæу фæтæрсын кæнын, цæмæй Иегъовæйы тыххæй ма базонай. Ма дыл фæуæлахиз уæд! (Матфейы 10:34—39; 1 Петры 5:8, 9). Хæйрæджы ныхмæ фидар кæй лæууыс, уымæй Иегъовæйæн йæ зæрдæ барухс кæндзынæ æмæ равдисдзынæ, йæ хицаудзинады фарс кæй дæ, уый (Æмбисæндтæ 27:11). |
||||
Мыхуыры рацыд 1996 азы |
|
Copyright © 2011 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved. |
|