Иегъовæйы Æвдисæнты вебсайт

Сæйраг фарс Beliefs Future Medical Topics Фæхабар нæм кæн Publications Languages
Хуыцау нæ цы домы? 3-аг урокРаззаг статьяИннæ статья

Чи у Йесо Чырысти?

Йесо Хуыцауы «фыццаггуырд» Фырт цæмæн хуыйны? (1)
Цæмæн хуыйны «Дзырд»? (1)
Йесо зæхмæ адæймагæй цæмæн æрцыди? (2—4)
Цæмæн арæзта диссæгтæ? (5)
Цы сараздзæн Йесо тагъд рæстæджы? (6)

1. Цалынмæ Йесо зæхмæ не ’рцыд, уæдмæ уыди æнæуынгæ гоймаг æмæ царди уæлæрвты. Хуыцау иууыл фыццаг сфæлдыста Йесойы, æмæ уымæ гæсгæ Йесо хуыйны Хуыцауы «фыццаггуырд» Фырт (Колоссæгтæм 1:15; Раргомад 3:14). Йесо у, Хуыцау йæхæдæг кæй сфæлдыста, ахæм Фырт. Йесо цалынмæ зæхмæ не ’рцыд, уæдмæ уыди Иегъовæйы «дæсны кусæг», æмæ уæлæрвты æмæ зæххыл алцыдæр фæлдыстой иумæ (Æмбисæндтæ 8:22—31; Колоссæгтæм 1:16, 17). Йесо ма Хуыцауæн уыд йæ сæйраг минæвар дæр. Уымæ гæсгæ Йесо хуыйны «Дзырд» (Иоанны 1:1—3; Раргомад 19:13).

2. Хуыцау йæ Фырты зæхмæ æрæрвыста, йæ цард ын Мариайы хуылфмæ рахаста, афтæмæй. Уымæ гæсгæ Йесойæн зæххон фыд нæ уыд. Гъе уый тыххæй нæ рахаста йæ туджы тæригъæд æмæ æнæххæстдзинад дæр. Хуыцау Йесойы зæхмæ рарвыста æртæ хъуыддаджы фæдыл: 1) цæмæй адæмæн бацамыдтаид, Хуыцау æцæгæй чи у, уый (Иоанны 18:37); 2) цæмæй йæ намыс сыгъдæгæй бахъахъхъæдтаид æмæ нын уымæй дæнцæг ныууагътаид (1 Петры 2:21), æмæ 3) цæмæй йæ цард нывондæн æрхастаид æмæ нæ афтæмæй тæригъæд æмæ мæлæтæй фервæзын кодтаид. Цæмæн бахъуыди уый? (Матфейы 20:28).

3. Фыццаг адæймаг Адам Хуыцаумæ кæй нæ байхъуыста, уымæй, Библи тæригъæд цы хоны, уый ракодта. Уый тыххæй йын Хуыцау мæлæты тæрхон рахаста (Уæвынад 3:17—19). Хуыцауы уагæвæрдтæм гæсгæ кæй нал цард, уымæ гæсгæ æххæст нал уыди. Æппынфæстаг базæронд æмæ амард. Адамы сывæллæттæ се ’ппæт дæр сæ туджы рахастой тæригъæд. Гъе уый аххосæй мах дæр рынчын кæнæм, зæронд кæнæм æмæ мæлæм. Фæлæ адæмы фервæзын кæнæн куыд уыд? (Ромæгтæм 3:23; 5:12).

4. Йесо уыд æххæст адæймаг, раст Адам куыд æххæст уыд, афтæ. Æрмæст Адамæй хъауджыдæр, Йесо алкæддæр, суанг иууыл стырдæр фыдæвзарæны дæр коммæгæс уыди Хуыцауæн. Уымæ гæсгæ йæ бон уыди йе ’ххæст адæймаджы цард нывондæн æрхæссын æмæ уый руаджы Адамы тæригъæды тыххæй бафидын. Библийы уый хуыйны «ахæстаргъ». Афтæмæй Адамы сывæллæттæн фæзынд мæлæты тæрхонæй фервæзыны фадат. Йесойыл чи æууæнды, уыдонæн се ’ппæтæн дæр хатыргонд цæуынц сæ тæригъæдтæ æмæ сын ис æнустæм цæрыны фадат (Псалом 48:8; Иоанны 3:16; Ромæгтæм 5:18, 19).



Йесо адæмы ахуыр кодта, диссæгтæ арæзта æмæ ма мах сæрвæлтау йæ цард дæр нывондæн æрхаста.

5. Йесо зæххыл куы уыди, уæд рынчынты дзæбæх кодта, æххормаг адæмы æфсæста æмæ денджызы тыхджын уадтæ сабыр кодта. Суанг ма мæрдты дæр æгас кодта. Цæмæн арæзта Йесо диссæгтæ? 1) Хъизæмаргæнæг адæмæн тæригъæд кодта æмæ йæ фæндыд уыдонæн баххуыс кæнын. 2) Цы диссæгтæ арæзта, уыдон дзурæг уыдысты, Хуыцауы Фырт кæй у, ууыл. 3) Уыцы диссæгтæй равдыста, зæххыл куы паддзахиуæг кæна, уæд коммæгæс адæмæн цы сараздзæн, уый (Матфейы 14:14; Маркы 2:10—12; Иоанны 5:28, 29).

6. Йесо амарди, фæлæ йæ Хуыцау æнæуынгæ гоймагæй райгас кодта, æмæ уæларвмæ аздæхт (1 Петры 3:18). Фæстæдæр æй Хуыцау Паддзахæй сæвæрдта. Тагъд рæстæджы Йесо зæххыл æппæт æвзæргæнджыты дæр скуынæг кæндзæн æмæ хъизæмæрттæн кæрон скæндзæн (Псалом 36:9—11; Æмбисæндтæ 2:21, 22).

 

Мыхуыры рацыд 1996 азы

Сæйраг фарсНомхыгъдРаззаг статьяИннæ статья

Copyright © 2011 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved.