Иегъовæйы Æвдисæнты вебсайт

Сæйраг фарс Beliefs Future Medical Topics Contact Us Publications Languages
Хуыцау нæ цы домы? 2-аг урокРаззаг статьяИннæ статья

Чи у Хуыцау?

Чи у æцæг Хуыцау æмæ йæ ном куыд у? (1, 2)
Цавæр буар ын ис? (3)
Цавæр сæйраг миниуджытæ йын ис? (4)
Цымæ Хуыцауæн кувгæйæ дзуæртты нывтæй æмæ нысæнттæй пайда кæнын æмбæлы? (5)
Цавæр дыууæ амалы ис Хуыцауы базонынæн? (6)

1. Адæм бирæ цæмæндæртæн кувынц. Фæлæ нын Библи дзуры, кæй ис æрмæстдæр иунæг ÆЦÆГ Хуыцау. Зæххыл дæр æмæ уæлæрвты дæр цыдæриддæр ис, уыдон уый сфæлдыста. Цард нын уый кæй радта, уымæ гæсгæ æрмæстдæр уымæн хъæуы кувын (1 Коринфæгтæм 8:5, 6; Раргомад 4:11).

2. Хуыцау чи у, уый алыхуызон дзырдтæй ис зæгъæн, фæлæ йын æрмæстдæр иу ном ис. Йæ ном у ИЕГЪОВÆ. Библийы тæлмацтæн сæ фылдæрæй Хуыцауы ном айстой æмæ йæ баивтой ахæм дзырдтæй: Хицау кæнæ Хуыцау. Фæлæ Дзуттаг Фыстыты ном «Иегъовæ» æмбæлди иу 7 000 хатты! (Рацыд 3:15; Псалом 82:19, Г. Мчедловы тæлмац, 1848).

3. Иегъовæйæн ис буар, фæлæ йын мах буары хуызæн нæу. «Хуыцау у уд»,— дзуры Библи (Иоанны 4:24). Уд [дух] у нæ цардæй бирæ уæлдæр царды формæ. Хуыцауы иу адæймаг дæр нæ федта. Иегъовæ ис уæларвы, фæлæ алцыдæр уыны (Псалом 10:4, 5; Иоанны 1:18). Уæдæ сыгъдæг уд та цы у? Уый Хуыцауы хуызæн гоймаг нæу, фæлæ у йæ архайгæ тых (Псалом 103:30).

4. Библи нын æвдисы Иегъовæйы миниуджытæ. Йæ сæйраг миниуджытæ сты уарзондзинад, рæстдзинад, зонд æмæ тых (Дыккаг закъон 32:4; Иов 12:13; Исай 40:26; 1 Иоанны 4:8). Библи ма нын дзуры, Иегъовæ тæригъæдгæнаг, хæларзæрдæ, хатыргæнаг, рæдау æмæ быхсаг кæй у, уый дæр. Мах æй хъуамæ фæзмæм коммæгæс хъæбултау (Ефесæгтæм 5:1, 2).


Хуыцауы тыххæй базонæн ис йе сконд дунейæ æмæ Библийæ.

5. Цымæ Хуыцауæн кувгæйæ гуымирытæ, дзуæртты нывтæ æмæ нысæнттæй пайда кæнын æмбæлы? Нæ! (Рацыд 20:4, 5). Иегъовæ дзуры, æрмæстдæр уымæн кæй хъуамæ кувæм. Йæ кад никæмæн æмæ ницæмæн ратдзæн. Гуымирытæ адæймагæн баххуыскæнынхъом не сты (Псалом 113:12—16; Исай 42:8).

6. Куыд у нæ бон Хуыцауы хуыздæр базонын? Фыццаг амал: цы сфæлдыста, уыдæттæм кæсын æмæ цæуыл дзурæг сты, ууыл арф хъуыды кæнын. Хуыцау цы сфæлдыста, уыдон нын æвдисынц, стыр тых æмæ зонды хицау кæй у, уый. Йе сконд дунейы алцыдæр дзуры йæ уарзондзинадыл (Псалом 18:2—7; Ромæгтæм 1:20). Хуыцауы базонынæн дыккаг амал у Библи ахуыр кæнын. Уый уылты нын Хуыцау фылдæр дзуры йæхи тыххæй. Библи ма нын дзуры йæ фæнды тыххæй æмæ ныл йæ разы цы хæс ис, уый тыххæй дæр (Амос 3:7; 2 Тимофеймæ 3:16, 17).

 

Мыхуыры рацыд 1996

Сæйраг фарсНомхыгъдРаззаг статьяИннæ статья

Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved.