Йегъовæйы Æвдисæнты вебсайт

Сæйраг фарс Beliefs Future Medical Topics Фæхабар нæм кæн Publications Languages

Рæстдзинад
базонын дæ фæнды?

Кæс ма

Цавæр рæстдзинад? Адæммæ цы ахсджиаг фарстатæ ис, уыдонæн дзуапп. Чи зоны, ды дæр хъуыды кодтай ахæм фарстатыл:

Ацы фарстатæн дзуапп кæм ссарæн ис? Зæгъæм, цал адæймаджы бафæрсай, уал дзуаппы фехъусдзынæ. Библиотекæты æмæ дуканиты дæр ацы фарстаты фæдыл тынг бирæ чингуытæ ис. Фæлæ уым дæр иухуызон дзуаппытæ нæй. Уыцы чингуытæй иутæ растыл нымад фæцæуынц, фæлæ бирæ нæ рацæуы, æмæ сæм бахъæуы ивддзинæдтæ хæссын кæнæ та ногтæ рауадзын.

Фæлæ ис, фидарæй æууæндæн кæуыл ис, ахæм чиныг. Иу мæнг ныхас дæр дзы нæй. Йесо Чырысти Хуыцаумæ кувгæйæ загъта: «Дæ ныхас у æцæгдзинад» (Иоанны 17:17). Хуыцауы Ныхас у Библи. Иннæ фæрстыл фенæн ис, уыцы фарстатæн Библи бæлвырд æмæ раст дзуаппытæ кæй дæтты.

Хуыцау ныл æцæгдæр тыхсы?

Нæлгоймаг адæмы ’хсæн

ЦÆМÆН ФÆЗЫНЫ АХÆМ ФАРСТА: Мах цæрæм æгъатыр æмæ мæнгард дунейы. Бирæ динтæ амонынц, зæгъгæ, нæ зындзинæдтæ Хуыцауæй цæуынц.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ: Адæмыл цы фыдбылызтæ цæуы, уыдон Хуыцауæй не сты. «Уый гæнæн нæй, æмæ æцæг Хуыцау хæрам хъуыддаг бакæна æмæ Æппæтхъомысджын – раст цы нæу, уый сараза!»– фыст ис Иовы 34:10. Хуыцаумæ адæмы тыххæй хорз фæндтæ ис. Уымæ гæсгæ Чырысти адæмы ахуыр кодта, цæмæй куывтаиккой афтæ: «Нæ уæларвон Фыд... Æрцæуæд дæ паддзахад. Дæ фæндон уæлæрвты куыд ис, афтæ уæд зæххыл дæр» (Матфейы 6:9, 10). Хуыцау ныл афтæ тынг тыхсы, æмæ йæ фæндон сæххæст кæныны тыххæй нывондæн æрхаста, æппæты зынаргъ дæр æм цы уыдис, уый (Иоанны 3:16).

Кæс ма Райдиан 1:26–28; Иаковы 1:13 æмæ 1 Петры 5:6, 7.

Хæстытæ æмæ хъизæмæрттæн искуы кæрон уыдзæн?

Æфсæддонтæ

ЦÆМÆН ФÆЗЫНЫ АХÆМ ФАРСТА: Абон дæр хæстыты тынг бирæ адæм мæлы. Зындзинæдтæй нæ иу дæр хызт нæу.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ: Хуыцау раджы загъта, йæ рæстæджы зæххыл сабыр цард кæй сараздзæн. Йæ уæларвон Паддзахад бартæ йæ къухмæ куы райса, уæд адæм «хæцын нал ахуыр кæндзысты». Уымæй уæлдай ма «сæ хъаматæй гутæттæ сараздзысты» (Исай 2:4). Хуыцау кæрон скæндзæн, цыдæриддæр æнæраст хъуыддæгтæ æмæ хъизæмæрттæ ис, уыдонæн. Библи зæрдæ æвæры: «[Хуыцау] сын ныссæрфдзæн сæ цæссыгтæ, æмæ нал уыдзæн нæдæр мæлæт, нæдæр маст, нæдæр хъарæг, нæдæр рыст. Раздæр цы уыд [хъизæмæрттæ æмæ фыддзинæдтæ], уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4).

Кæс ма Псалом 37:10, 11; 46:9 æмæ Михей 4:1–4.

Адæймагæн æнæмæлгæ уд ис?

Уæлмæрд

ЦÆМÆН ФÆЗЫНЫ АХÆМ ФАРСТА: Динтæн сæ фылдæр ахуыр кæнынц, зæгъгæ, адæймаг куы амæлы, уæд ма йæ уд фæцæры. Иуæй-иутæ æууæндынц, мардæн йæ бон кæй у удæгæстæн исты фыдбылыз ракæнын кæнæ, Хуыцау фыдгæнджытæн кæй стæрхон кæны æмæ æнустæм зындоны арты кæй фæхъизæмар кæнынц.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ: Адæймаг куы амæлы, уæд ууыл йæ цард фæвæййы. «Мæрдтæ æппындæр ницы зонынц»,– фыст ис Екклесиасты 9:5. Мард кæй ницы зоны æмæ кæй ницы ’мбары, уымæ гæсгæ йæ бон нæу удæгæстæн нæдæр æвзæр аразын, нæдæр хорз (Псалом 146:3, 4).

Кæс ма Райдиан 3:19 æмæ Екклесиаст 9:6, 10.

Чи амард, уыдон ма цæрдзысты?

Сывæллонæн чидæр фæзиан æмæ йыл хъыг кæны

ЦÆМÆН ФÆЗЫНЫ АХÆМ ФАРСТА: Мах фæнды цæрын æмæ кæй уарзæм, уыдонимæ цардыл цин кæнын. Уæдæ диссаг нæу, чи амард, уыдоны фенынмæ кæй бæллæм, уый.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ: Чи амард, уыцы адæмæн сæ фылдæр райгас уыдзысты. Чырысти загъта: «Ингæнты чидæриддæр ис, уыдон... райгас уыдзысты цæрынæн» (Иоанны 5:28, 29). Чи райгас уа, уыдон цæрдзысты дзæнæты зæххыл, Хуыцауы æппæты райдианы куыд фæнд кодта, афтæ (Лукайы 23:43). Уыцы ныхæстæ ма ууыл дзурæг сты, æмæ Хуыцаумæ чи хъуса, уыцы адæм рынчын кæй нал кæндзысты æмæ æнустæм кæй цæрдзысты. Библийы фыст ис: «Рæстгæнджытæ зæхх бынæн райсдзысты æмæ йыл æнустæм цæрдзысты» (Псалом 37:29).

Кæс ма Иов 14:14, 15; Лукайы 7:11–17 æмæ Хъуыддæгтæ 24:15.

Хуыцаумæ куыд кувын хъæуы æмæ мын, цымæ, мæ куывдтытæ хъусы?

Лæг кувы

ЦÆМÆН ФÆЗЫНЫ АХÆМ ФАРСТА: Хуыцаумæ кувынц алы динтыл хæст адæм дæр, фæлæ бирæтæм афтæ кæсы, æмæ сæ Хуыцау нæ хъусы.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ: Йесо Чырысти ахуыр кодта: «Куы кувай, уæд-иу... уыцы иу ныхæстæ ма дзур» (Матфейы 6:7). Кæд нæ фæнды, цæмæй нын Хуыцау нæ куывдтытæ хъуса, уæд æм хъуамæ кувæм, Хуыцауы куыд фæнды, афтæ. Уый тыххæй базонын хъæуы Хуыцауы фæндон æмæ йæм уымæ гæсгæ кувын. 1 Иоанны 5:14 фыст ис: «Йæ фæндонмæ гæсгæ дзы цыфæнды ма ракурæм – хъусы нæ».

Кæс ма Псалом 65:2; Иоанны 14:6, 14 æмæ 1 Иоанны 3:22.

Амондджын цæй фæрцы уыдзынæн?

Сылгоймаг Библи кæсгæйæ амондджындæр кæны

ЦÆМÆН ФÆЗЫНЫ АХÆМ ФАРСТА: Адæмæй бирæты уырны, æцæг амонд æхцайæ, кадæй кæнæ рæсугъддзинадæй кæнгæ кæй у. Бæлгæ дæр сæм уый тыххæй кæнынц, фæлæ амондджын не свæййынц.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ: Амонд цæмæй кæнгæ у, уый тыххæй Чырысти загъта: «Амондджын сты, æнæ Хуыцауæй цæрæн кæй нæй, уый чи æмбары» (Матфейы 5:3). Æцæг амондджын уыдзыстæм, царды ахсджиагдæр цы у, уымæ, ома Хуыцауы тыххæй æмæ йæ фæндты тыххæй базонынмæ куы бæллæм, уæд. Уыдæттæ базонæн ис Библийæ. Уæд бамбардзыстæм, царды æппæты ахсджиагдæр цы у æмæ цы нæу, уый. Библийы цы фыст ис, уымæ гæсгæ куы аразæм нæ цард, уæд уыдзыстæм бирæ амондджындæр (Лукайы 11:28).

Кæс ма Æмбисæндтæ 3:5, 6, 13–18 æмæ 1 Тимофеймæ 6:9, 10.

Адон сты Библийæ цыбыр дзуаппытæ æрмæст æхсæз фарстайæн. Фæнды дæ ноджы фылдæр базонын? Кæд ды дæр æмбарыс, «æнæ Хуыцауæй цæрæн кæй нæй, уый», уæд бацархайдзынæ, цæмæй фылдæр базонай. Чи зоны дæ фæнды æндæр фарстатæн дæр дзуапп базонын. Зæгъæм, кæд нæ Хуыцау уарзы, уæд æвзæрдзинад æмæ хъизæмæрттæн кæрон цæуылнæ скæны? Мæ бон цы у саразын, цæмæй мæ бинонтæ амондджындæр уой? Ахæм фарстатæн Библийы ис бæлвырд æмæ, зæрдæ кæмæй барухс уыдзæн, ахæм дзуаппытæ.

Фæлæ абон бирæтæ сæ ныфс нæ хæссынц Библи кæсынмæ, зæгъгæ, стыр чиныг у, стæй хатт зын æмбарæн вæййы. Фæнды дæ, цæмæй дын Библи бамбарынæн баххуыс кæной? Йегъовæйы Æвдисæнтæ дын дыууæ хъуыддагæй баххуыс кæндзысты.

Фыццаг – ис сæм чиныг «Библи бæлвырдæй цы дзуры?». Уыцы чиныджы фæрцы æнæвдæлон адæм сæ ахсджиаг фарстатæн Библийы бæлвырд дзуаппытæ ссарынц. Дыккаг та – Йегъовæйы Æвдисæнтæй исчи демæ Библи лæвар ахуыр кæндзæн хæдзары кæнæ дæу кæм фæнды, уым. Уый тыххæй-иу дæ алы къуыри дæр иугыццыл рæстæг йеддæмæ рахицæн кæнын нæ бахъæудзæн. Æгас дунейы дæр милуантæ афтæ ахуыр кæнынц. Æмæ дзы бирæтæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ: «Æз ссардтон рæстдзинад!»

Уымæй хуыздæр ницы ис. Библийы рæстдзинады фæрцы адæймаг ссæрибар вæййы мæнг уырнындзинæдтæй, йæ фарстатæн бæлвырд дзуапп базоны æмæ йын йæ уæнг чи мары, уыцы тасæй фервæзы. Библийы рæстдзинады фæрцы нын фæзыны ныфс, царды нысан æмæ циндзинад. Йесо Чырысти загъта: «Базондзыстут æцæгдзинад, æмæ уæ æцæгдзинад ссæрибар кæндзæн» (Иоанны 8:32).

1. Нæлгоймаг Библи ахуыр кæны ; 2. Сылгоймаг Библи ахуыр кæны

Мыхуыры рацыд 2008 азы

Номхыгъд