ÆГАС ДУНЕЙЫ ДÆР ÆЙ ХЪУАМÆ ФЕХЪУСОЙ
Цы у мæнг дин? Дины номæй цы фыддзинæдтæ аразынц, уыдон уынгæйæ дæ зæрдæ риссы? Кæд рæстдзинад уарзыс, уæд дын зын нæу, йæхи Хуыцауы лæггадгæнæг чи хоны, уыдон хæстытæ æмæ терроризмы аххосджын кæй сты, уый? Дины кусджытæ гæртамхортæ кæй сты, ууыл нæ мæсты кæныс? Дин утæппæт бæллæхты аххосджын цæмæн у?
Уыцы бæллæхты динтæ се ’ппæт не сты аххосджын, фæлæ æрмæст мæнг дин. Йесо Чырысти, æгас дунейы дæр кæмæн кад кæнынц, уый бамбарын кодта, мæнг дин йе ’взæр хъуыддæгтæй бæрæг кæй уыдзæн, раст æвзæр бæлас йе ’взæр дыргътæй бæрæг куыд вæййы, афтæ (Матфейы 7:15–17). Уæдæ цавæр «æвзæр дыргътæй» у бæрæг мæнг дин?

ХÆСТЫТЫ АРХАЙЫ ÆМÆ ЙÆХИ ПОЛИТИКÆЙЫ ТЪЫССЫ: «Азийы æмæ æндæр рæтты, алы мадзæлттæй дæр бартæ йæхимæ райсынмæ цы дины разамонджытæ архайы, уыдон æнæфсармæй пайда кæнынц, адæймаджы Хуыцауæн табу кæнын кæй фæнды, уымæй»,– фыссы иу журнал (Эйшауик). Стæй ма бафиппайдта: «Дунейæн сæррайæ тæссаг у». Америкæйы зындгонд дины разамонæг загъта: «Террористты хъæуы марын, цæмæй уыдон мауал марой». Цы фæнд æм ис? «Цæгъдут сæ Хуыцауы номæй». Библийы та цы фыст ис: «Афтæ чи зæгъы: „Æз Хуыцауы уарзын“, афтæмæй та йе ’фсымæрæй йе сæфт чи уыны, уый у фæлитой» (1 Иоанны 4:20). Йесо ма афтæ дæр загъта: «Уарзут уе знæгты» (Матфейы 5:44). Куыд дæм кæсы, хæстыты чи нæ архайы, ахæм динтæ бирæ ис?
МÆНГ АХУЫРÆДТÆ ПАРАХАТ КÆНЫ: Динтæн сæ фылдæр амонынц, зæгъгæ, адæймагæн ис, йæ мæлæты фæстæ цæргæйæ чи баззайы, ахæм уд. Уый фæрцы динты разамонджытæ сæхицæн æхца кусынц – чи амард, уыдоны удтæн скувыны тыххæй сын бафидынц. Фæлæ ацы ахуырадæн Библиимæ æппындæр иумæйагæй ницы ис. «Тæригъæд ракæнæг уд – амæлдзæн» (Иезекил 18:4). «Удæгæстæ зонынц, кæй амæлдзысты, мæрдтæ та æппындæр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5). Йесо амыдта мæрдтæ кæй райгас уыдзысты. Æмæ кæд адæймагæн æцæгдæр æнæмæлгæ уд ис, уæд æй æгас кæнын нæ хъæуид (Иоанны 11:11–25). Дæуæн дæр дæ дин ууыл ахуыр кæны, мæлæты фæстæ уд нæ амæлы, зæгъгæ?
ÆНÆГЪДАУ МИТÆМ КÆСЫ КУЫДФÆНДЫЙЫ ЦÆСТÆЙ: Иуæй-иу бæстæ ты аргъуантæ сауджынтæй сæвæрынц ахæм лæгты, нæлгоймæгтимæ æмуат чи æрцæуы кæнæ ахæм сылгоймæгты, сылгоймæгтимæ æмуат чи æрцæуы. Стæй ма аргъуантæ хицауады разæнгард кæнынц, цæмæй ахæм адæймæгтæн загс кæныны бар уа. Кæд иуæй-иу аргъуантæ хæлд миты ныхмæ сты, уæддæр куыдфæндыйы цæстæй кæсынц, сæ дины разамонджытæй сывæллæттæн тыхми чи кæны, уыдонмæ. Фæлæ Библи та цæуыл ахуыр кæны? Уый комкоммæ дзуры: «Уæхи ма сайут: нæдæр хæлд адæм, нæдæр мæнгхуыцæуттæн кувджытæ, нæдæр хæзгултæ, нæдæр нæлмойтæ... Хуыцауы Паддзахадмæ нæ бацæудзысты» (1 Коринфæгтæм 6:9, 10). Æнæгъдау митæм куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, ахæм динтæ зоныс?
Цы фидæн æнхъæлмæ кæсы, «æмбыд дыргътæ» чи хæссы, уыцы динтæм? Йесо Чырысти бафæдзæхста: «Хорз дыргъ цы бæласыл нæ зайы, уый акалынц æмæ йæ баппарынц арты» (Матфейы 7:19). Ацы ныхæстæм гæсгæ, мæнг дин æдуидаг стондзысты æмæ йæ фесафдзысты! Фæлæ куыд æмæ кæд уыдзæн уый? Дзуапп ссардзыстæм Библийы Раргомады чиныджы 17 æмæ 18 сæрты.
Мæнг динæн йæ бар цæуы «зæххон паддзæхтыл»
«Рацæут уырдыгæй, Мæ адæм»
Дæ цæстытыл ма ауайын кæн ахæм ныв: хæтаг сылгоймаг бады стыр тасæфтауæг сырдыл. Уыцы сырдæн ис авд сæры æмæ дæс сыкъайы (Раргомад 17:1–4). Чи у уыцы хæтаг сылгоймаг? Йæ бар цæуы «зæххон паддзæхтыл». Йæ уæлæ сæнтсырх хъуымацæй дарæс, пайда кæны хæрздæфгæнæнтæй æмæ у тынг хъæздыг. Уымæй уæлдай ма йæ кæлæнты руаджы «сайы æппæт адæмты» дæр (Раргомад 17:18; 18:12, 13, 23). Библи нын æмбарын кæны, уыцы хæтаг сылгоймаг фæсномыгæй кæй æвдисы дунейы æппæт динтæ дæр. Уый иу дин нæу, фæлæ «æмбыд дыргъ» чи хæссы, уыцы динтæ се ’ппæт дæр.
Хæтаг сылгоймаг цы сырдыл бады, уый æвдисы дунейы политикон хицауæдтæ* (Раргомад 17:10–13). Мæнг дин бады политикон сырдыл, ома йæ фæнды, цæмæй йæ уынаффæтыл æмæ куыд разамынд кæны, ууыл йæ бар цæуа.
Фæлæ тагъд диссаджы хабæрттæ æрцæудзæн. «Ды цы сырды æмæ цы дæс сыкъайы федтай, уыдон хъахбайæ фендзысты се сæфт æмæ йæ бацарæфтыд кæндзысты, ныууадздзысты йæ бæгънæгæй, бахæрдзысты йын йæ фыд, æмæ йæ басудздзысты арты» (Раргомад 17:16). Ацы дунейы политикон хицауæдтæ æнæнхъæлæджы мæнг дины ныхмæ рацæудзысты æмæ йæ фесафдзысты! Цæмæн? Библийы Раргомады чиныг æмбарын кæны: «Хуыцау сæ зæрдæты нывæрдта Йæ фæнд сæххæст кæнын» (Раргомад 17:17). О, Хуыцау мæнг динæй дзуапп æрдомдзæн, йæ номæй цы цъаммар митæ фæкодта, уыдоны тыххæй. Хуыцау рæстдзинад кæй уарзы, уымæ гæсгæ мæнг динæн йæ политикон лымæнты йæ ныхмæ скæндзæн æмæ йæ уыдоны къухæй фесафдзæн.
Кæд дæ мæнг динимæ фесæфын нæ фæнды, уæд цы хъуамæ кæнай? «Рацæут уырдыгæй, Мæ адæм»,– разæнгард нæ кæны Хуыцауы Ныхас (Раргомад 18:4). Ныр у мæнг динæй рацæуыны рæстæг! Фæлæ кæдæм у дæ бон рацæуын? Хуыцау нæй, зæгъгæ, чи дзуры, уыдонмæ нæ; ахæмтæм дæр хорзæй ницы æнхъæлмæ кæсы (2 Фессалоникæгтæм 1:6–9). Æрмæстдæр раст дины ис ссарæн ирвæзындзинад. Фæлæ раст дин куыд базонæн ис?
Раст дин цавæр «хорз дыргътæ» хъуамæ хæсса? (Матфейы 7:17).

УАРЗОНДЗИНАД ÆВДИСЫ ХЪУЫДДАГÆЙ: Хуыцауы æцæг лæггадгæнджытæ «дунейæ не сты», алыхуызон адæмыхæттытыл нæ дихтæ кæнынц æмæ се ’хсæн ис уарзондзинад (Иоанны 13:35; 17:16; Куыстытæ 10:34, 35). Кæрæдзийы маргæ нæ, фæлæ, куы бахъæуа, уæд цæттæ сты кæрæдзийы тыххæй амæлынмæ дæр (1 Иоанны 3:16).
ÆУУÆНДЫ ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫЛ: Раст дин «æгъдæуттыл» æмæ «адæмы æрымысгæ фæдзæхстытыл» нæ ахуыр кæны – йæ ахуырæдтæ æнцайынц Хуыцауы Ныхас Библийыл (Матфейы 15:6–9). Цæмæн? Уымæн æмæ «æппæт Сыгъдæг Фыст Хуыцауæй разæнгардгондæй ныффыстæуыд, æмæ ахъаз у ахуырæн, багæды кæнынæн, раст фæндагмæ раздахынæн, Хуыцауæн фæндиагæй цæрыныл хъомыл кæнынæн» (2 Тимофеймæ 3:16).
ÆНГОМДÆР КÆНЫ БИНОНТЫ ÆМÆ АХЪАЗ КÆНЫ ХÆРЗÆГЪДАУ ЦАРДÆН: Раст дин лæгтæн амоны, цæмæй «сæхи буар куыд уарзынц, афтæ уарзой сæ устыты»; сылгоймæгты та разæнгард кæны, цæмæй сæ «лæгты нымайой», сывæллæтты та – цæмæй сæ ныййарджытæм хъусой (Ефесæгтæм 5:28, 33; 6:1). Уымæй уæлдай ма хъуамæ хистæртæ сæ хæрзæгъдау цардæй иннæтæн фæзминаг уой (1 Тимофеймæ 3:1–10).
Ацы уагæвæрдтæм гæсгæ чи цæры, ахæм дин ис? 2001 азы мыхуыры чи рацыд, иу ахæм чиныджы фыст ис: «Иегъовæйы Æвдисæнтæ цы хъусын кæнынц æмæ цы уагæвæрдтæм гæсгæ цæрынц, адæмæн сæ фылдæр афтæ куы цæриккой, уæд Холокост нæ уыдаид æмæ иу адæм иннæ адæмы никуыуал цæгъдит» (Holocaust Politics).
235 бæстæйы Иегъовæйы Æвдисæнтæ Библийы уагæвæрдты тыххæй æрмæст хъусын нæ кæнынц, фæлæ цæргæ дæр уыдонмæ гæсгæ кæнынц. Æфсæрмы ма кæн, æмæ Иегъовæйы Æвдисæнтæн зæгъ, цæмæй дын баххуыс кæной, Хуыцау дæ цы домы, уый базонын æмæ йын куыд æмбæлы, афтæ лæггад кæнын. Ныр æнцад бадыны рæстæг нæу. Фæстиат кæнæн нæй. Тагъд мæнг дин фесæфдзæн! (Софони 2:2, 3).
* Ацы хабæрттæ бæстондæр æвзæрст цæуынц брошюрæйы «Ма бафынæй ут!», 12, 13 фæрстыл. Рауагътой йæ Иегъовæйы Æвдисæнтæ.
Мыхуыры рацыд 2006 азы |