Иегъовæйы Æвдисæнты вебсайт

Сæйраг фарс Beliefs Future Medical Topics Contact Us Publications Languages

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чи сты? Цӕуыл ӕууӕндынц?

Раззаг статья

Хонӕм дӕ

Тынг ӕхсызгон нын у, ацы брошюрӕйы руаджы нын демӕ аныхас кӕныны фадат кӕй уыди, уый. Ныфс нӕ ис, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр кӕй базыдтай, уый дын ӕхсызгон кӕй уыди. Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм, ӕввахсдӕр дӕм цы Паддзахады зал ис, уырдӕм. Дӕхӕдӕг фен, нӕ фембӕлдтӕ куыд уагъд цӕуынц, уый. Дӕ хъус ӕрдар, Чырыстийы Паддзахады сӕргълӕудӕй зӕхх дзӕнӕт кӕй суыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар адӕмӕн фехъусын кӕныныл куыд архайӕм, уымӕ.

Хуыцау нын йӕхӕдӕг бавӕрдта зӕрдӕ, дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уымӕй. «Йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ, кӕцытыл цӕры рӕстдзинад»,— дзуры Библи (2 Петры 3:13). Хуыцау ацы зӕрдӕвӕрд куы радта, уӕдӕй бирӕ ӕнустӕ рацыд. Ныр тынг ӕввахс у йӕ сӕххӕсты рӕстӕг. Уымӕн ӕвдисӕн сты дунейы цаутӕ.

«Нӕ ӕмбырдтӕ нӕ уадздзыстӕм, иуӕй-иутӕм куыд ис ӕгъдау; фӕлӕ кӕрӕдзийӕн амондзыстӕм, уӕлдайдӕр уынгӕйӕ, уыцы боны ӕрхӕстӕг»,— загъта апостол Павел (Дзуттытӕм 10:25). Дӕ хорзӕхӕй, лӕмбынӕг ахъуыды кӕн Павелы уынаффӕйыл ӕмӕ ӕрбацу нӕ фембӕлдтӕм.

Фæнды дæ, цæмæй дæм æрбацæуой?

 

Мыхуыры рацыд 2002

Сæйраг фарсНомхыгъдРаззаг статья

Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved.