Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чи сты? Цӕуыл ӕууӕндынц? |
Цӕуыл ӕууӕндынц?ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ уырны, арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕ кӕй у, уый. Нӕ алфамбылай дунейы цы диссӕгтӕ уынӕм, ӕрмӕст уыдонӕй дӕр бӕрӕг у, стыр зонд ӕмӕ хъомыс кӕмӕ ис, ахӕм Сфӕлдисӕг кӕй скодта ӕппӕтдӕр. Адӕймаг цавӕр миниуджыты хицау у, уый йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куыд вӕййы, афтӕ Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый дӕр фенӕн ис, цы сарӕзта, уымӕ кӕсгӕйӕ. Библийы дзырдӕуы: «Уымӕн ӕмӕ Йӕ ӕнӕуынгӕ [«миниуджытӕ», НД], Йӕ мыггагмӕйы тых ӕмӕ Хуыцаудзинад, дунейы сфӕлдисынӕй нырмӕ цы скодта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ зынынц». Ӕцӕгдӕр, ӕнӕдзургӕйӕ «ӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад» (Ромӕгтӕм 1:20; Псалом 18:2—5).
Адӕймаг исты куы фӕаразы, ӕлыг мигӕнӕн уа, телевизор уа ӕви компьютер, алцыдӕр аразы цыдӕр нысанӕн, цӕйдӕр тыххӕй. Ӕмӕ уӕд зӕхх, зӕххыл цы зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ ис, уыдон та бирӕ вазыгджындӕр ӕмӕ диссагдӕр арӕзт сты! Адӕймаджы буар триллион чырӕгӕй конд куыд у, уый нӕ зонд никуыд ахсы: хъуыды цы магъзы руаджы кӕнӕм, уый йӕхӕдӕг дӕр диссаг у! Ӕмӕ кӕд, адӕймаг цы гыццыл цыдӕртӕ саразы, уыдонӕй алцӕмӕндӕр йӕхи нысан ис, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ Хуыцау цы диссаг цыдӕртӕ скодта, уыдон дӕр ӕнӕхъуаджы конд не сты! Уымӕн бӕлвырдгӕнӕн сты Ӕмбисӕндты 16:4-ӕм стихы ныхӕстӕ: «Иегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, алцӕмӕндӕр дзы ис йӕхи нысан».
Иегъовӕ фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, зӕхх бӕлвырд нысанӕн кӕй сарӕзта: «Зӕнӕг рауадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут... уӕ бар цӕуӕнт денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл ӕмӕ зӕххыл хилӕг алкӕцы цӕрӕгойыл» (Уӕвынад 1:28). Фӕлӕ фыццаг дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ бон не сси зӕхх байдзаг кӕнын, зӕххӕн йӕхимӕ дӕр, стӕй зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕм дӕр чи зылдаид, ахӕм рӕстаг бинонтӕй. Фӕлӕ хъуыддаг афтӕ кӕй рауад, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Иегъовӕйы фӕндон нӕ сӕххӕст уыдзӕн. Уыцы хабарӕй миназтӕ фӕстӕдӕр фыст ӕрцыди ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцау, зӕххы Скӕнӕг... дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста». Хуыцау «ӕй цӕрынӕн сарӕзта». Зӕхх никуы фесӕфдзӕн, уый «лӕудзӕн ӕнустӕм» (Исай 45:18; Екклесиаст 1:4). Иегъовӕ цы сфӕнд кодта, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нын йӕхӕдӕг дзуры: «Мӕ фӕнд сӕххӕст уыдзӕн, ӕмӕ мӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый сараздзынӕн» (Исай 46:10).
Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, зӕхх кӕй никуы фесӕфдзӕн, фӕлӕ абоны адӕмӕй дӕр ӕмӕ, чи амарди, уыдонӕй дӕр Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ зӕхх срӕсугъд кӕнын ӕмӕ йӕ адӕмӕй байдзаг кӕныныл чи архайа, уыдон ыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Адӕм иууылдӕр Адам ӕмӕ Евӕйӕ сӕ туджы рахастой ӕнӕххӕстдзинад, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сты тӕригъӕдджын (Ромӕгтӕм 5:12). Библи нын афтӕ дзуры: «Тӕригъӕды Куыд ӕрцӕудзысты ӕппӕт уыдӕттӕ? Ацы фарст адӕймаг бамбары, Йесо зӕххыл цы «Паддзахады Евангели» райдыдта хъусын кӕнын, уыимӕ куы базонгӕ вӕййы, уӕд (Матфейы 4:17—23). Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр уыцы цины хабар хъусын кӕнынц ӕгас дунейыл. | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ ЦӔУЫЛ ӔУУӔНДЫНЦ
| ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Мыхуыры рацыд 2002 |
|
Copyright © 2006 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania. All rights reserved. |
|