Йегъовæйы Æвдисæнты сæрмагонд веб-сайт

Сæйраг фарс Beliefs Future Medical Topics Фæхабар нæм кæн Publications Languages
Библи

Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?

Хуыцауы уый фӕндыд?


СÆРТÆ

  1. Цы дзуры Библи Хуыцауы тыххӕй?
  2. Библи – чиныг Хуыцауӕй
  3. Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
  4. Чи у Йесо Чырысти?
  5. Ахӕстаргъ – Хуыцауы стырдӕр лӕвар
  6. Чи амард, уыдон кӕм сты?
  7. Чи нын амард, уыдон та цӕрдзысты
  8. Цы у Хуыцауы Паддзахад?
  9. Ӕцӕгдӕр «фӕстаг бонты» цӕрӕм?
  10. Ӕнӕуынгӕ тыхтӕ – нӕ цардмӕ исты бар дарынц?
  11. Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?
  12. Дӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕд
  13. Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕс
  14. Амондджын бинонтӕ
  15. Раст дин – Хуыцауы дин
  16. Раст дин куыд амоны, афтӕ цӕр
  17. Кув Хуыцаумӕ, ӕмӕ йӕм баввахс уай
  18. Донаргъуыд ӕмӕ Хуыцауимӕ дӕ хӕлардзинад
  19. Хуыцауы уарзтыл фидар хӕц

Ацы фарс принты рауадз Ацы фарс принты рауадз

ДӔ КЪУХМӔ цыфӕнды газет ма райсай,– терроризм, хӕст ӕмӕ фыдракӕндты йеддӕмӕ дзы ӕндӕр ницӕй кой ис. Уӕдӕ адӕймаг йӕхӕдӕг дӕр ӕнӕмӕт, ӕнӕсагъӕс нӕу. Цӕвиттон, ӕнцон нӕу низимӕ тох кӕнын. Ӕмӕ нын мӕлӕт нӕ хиуӕттӕй искӕй куы байсы, уӕд уый та куыд зын вӕййы. Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр, кӕддӕр рӕстуд адӕймаг Иов куыд дзырдта, афтӕ фӕзӕгъыс, «мастӕй мӕ хъуырмӕ сдӕн», зӕгъгӕ (Иов 10:15).

Ахъуыды ма кӕн ацы фарстытыл:

Ацы фарстытӕй алкӕцыйӕн дӕр Библи дӕтты зӕрдӕзӕгъгӕ дзуапп.

БИБЛИ ЗӔГЪЫ, ХУЫЦАУ ЗӔХХЫЛ КӔЙ СКӔНДЗӔН ДИССАДЖЫ ЦАРД

Зæронд лæг фæстæмæ сæрыгон

«Хуыцау сын сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:4, НТ).


Сахъат чызгæн та ногæй йæ бон у гæппытæ кæнын

«Къуылых гӕппытӕ кӕндзӕн сагау» (Исай 35:6).


Куырм лæппу ногæй цæстæй уынын райдыдта

«Куырмыты цӕстытӕ байгом уыдзысты» (Исай 35:5).


Сылгоймаг цин кæны, йæ хиуæттæй мæрдтæй чи райгас, уыдоныл

«Ингӕнты чи ис, уыдон сеппӕт дӕр... райгас уыдзысты» (Иоанны 5:28, 29, НТ).


Рынчын лæппу сдзæбæх

«Иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24).


Мæнæуы быдыртæ

«Уыдзӕн хъӕздыг хорӕрзад зӕххыл, хӕхты сӕр» (Псалом 71:16).


БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ, УЫЙ ДЫН АХЪАЗ ФӔУӔД

Дыууæ лæппуйы ахуыр кæнынц Библи

Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕттӕ аргъӕуттӕ сты. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Хуыцау йӕхӕдӕг загъта, зӕххыл ахӕм диссаджы цард кӕй скӕндзӕн. Куыд, уый та нын ӕмбарын кӕны Библийы.

Фӕлӕ нын Библи ӕрмӕст фидӕны кой нӕ кӕны. Ӕмбарын ма нын кӕны, цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ цардӕй ныртӕккӕ дӕр нӕ зӕрдӕ райа. Дӕ сагъӕс цӕуыл у, цӕмӕй тыхсыс, уыдӕттыл ма ахъуыды кӕн. Чи зоны, ӕхцайӕ цух ӕййафыс, кӕнӕ дын хӕдзары цыдӕр мӕстытӕ ис, йе та дӕ низ тыхсын кӕны, кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй чидӕр амард. Библи дын уыдзӕн стыр ӕххуыс уыцы зындзинӕдтӕн фидар фӕлӕууынӕн. Стӕй дын ӕрхӕсдзӕн удӕнцой, уымӕн ӕмӕ дзы дзуапп ссардзынӕ ахӕм фарстытӕн:

Ацы чиныг дӕ къухы кӕй ис, кӕй йӕ кӕсыс, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ зӕрдиагӕй фӕнды, Библи цы дзуры, уый базонын. Ӕмӕ ацы чиныг дӕр уый тыххӕй у. Ӕркӕс ма, алы фарсыл дӕр дзы абзацтӕм бынӕй ис фарстытӕ. Бирӕтӕ уарзынц фарстытӕ ӕмӕ дзуаппыты руаджы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библийыл ныхас кӕнын. Ныфс нӕ ис, ӕмӕ уый дӕ зӕрдӕмӕ дӕр кӕй фӕцӕудзӕн. Уӕдӕ дын Хуыцау ахӕм арфӕ ракӕнӕд, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый куыд базонай ӕмӕ дӕ фарстытӕн зӕрдӕзӕгъгӕ дзуаппытӕ куыд ссарай!

БАЗОН ДӔ БИБЛИ

Библи

Библийы ис 66 гыццыл чиныджы, иутӕ дзы сты фыстӕджытӕ. Цӕмӕй ӕнцондӕр кӕсӕн уа, уый тыххӕй дзы алы чиныг дӕр ныддихтӕ кодтой хицӕн сӕртыл, сӕртӕ та — хицӕн стихтыл. Ацы чиныджы цы стихтӕ ис, уыдон ссарӕн ис афтӕ: Библийы чиныджы номы фӕстӕ фыццаг нымӕц амоны, кӕцы сӕрӕй у, уый, дыккаг нымӕц та — кӕцы стих у. Зӕгъӕм, фыст дзы ис — 2 Тимофеймӕ 3:16. Уый у Тимофеймӕ ӕрвыст фыстӕджытӕй дыккаг, 3-аг сӕр, 16-ӕм стих.

Ацы чиныджы цы стихтӕ ис, уыдон-иу Библийӕн йӕхимидӕг куы ссарай, уӕд ӕй тагъд бахъуыды кӕндзынӕ, Библийы чингуытӕй чи кӕм ис, уый. Стӕй ма хорз уаид, Библи алы бон дӕр куы кӕсис. Бон дзы ӕртӕ-фондз сӕры куы кӕсай, уӕд дын иу азмӕ каст фӕуыдзӕн.

НомхыгъдИннæ

Мыхуыр ӕрцыд 2005 азы